филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:30 воскресенье, 01 февраля 2026
10 ноября 2022, 11:23
Дигорайы арæзт æрцыд фыссæг Тетцойты Таймуразы райгуырды 100 азы кадæн æмбырд

Библиотекæйы кусджытæ йын йæ саразыныл куыд зæрдиагæй бацархайдтой, уымæн æвдисæн уыд не сфæлдыстадон къорд дæр

Адæймаг цæры, цалынмæ йын йæ ном хъуыды кæной фæлтæртæ, уæдмæ. Уыцы хъуыдыйæн ма иу хатт æвдисæн уыд, Дигорайы цы номарæн мадзал арæзт æрцыд, уый. «Уарзт æмæ лæгдзинад», афтæ схуыдтой фыссæг Тетцойты Таймуразы райгуырды 100 азы кадæн æмбырд. Библиотекæйы кусджытæ йын йæ саразыныл куыд зæрдиагæй бацархайдтой, уымæн æвдисæн уыд не сфæлдыстадон къорд дæр. Бæстондæр хабæрттæ нын ракæндзæн Сосранты Жаннæ.

Дыгурон поэт Тетцойты Гациры фырт Таймуразы алы уацмыс дæр у лæмбынæг раиртасыны аккаг. Уый æмбаргæйæ Дигорайы чиныгдоны, Малиты Геуæргийы номыл музейы кусджытæ, Дигорайы 2-æм скъолайы ахуырдзаутæ, стæй Таймуразы хиуæттæ бацархайдтой  йæ юбилей йын æнæрхъуыдыйæ ма ныууадзыныл.

Мадзалмæ цы бирæ кадджын уазджытæ æрбацыд, уыдонæй алчидæр дзырдта Тетцойты Таймураз æвзаджы райрæзт æмæ йæ бахъахъхъæнынæн цы стыр æвæрæн бахаста, уый тыххæй.

Тетцойты Таймураз уыд Уæрæсейы фысджыты  цæдисы уæнг. Лæвæрд ын æрцыд Малиты Геуæргийы номыл литературон преми. 1995 азы хорзæхджынгонд æрцыд «Ирыстоны Намысы» майданæй. Таймураз, хъыгагæгæн, дыууадæс азы не хсæн нал у, фæлæ йæ æнæмæлгæ скодтой йæ зæрды артæй цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдон.

Таймуразы поэзийы баиу сты уарзт æмæ лæгдзинад, ныфс æмæ рæстзæрдæ æууæнк, сæрибарыл тох æмæ æхсардзинад. Йе сфæлдыстады ахæм хъару ис, æмæ е ‘ппæт æмдзæвгæтæ дæр адæймаджы арф хъуыдытыл бафтауынц. Поэты уацымыстæ афтæ æнгом уымæн æлвасынц сæхимæ, æмæ йын царды рæстдзинадæй дзаг кæй сты, уымæй цæуынц адæмы зæрдæмæ, дзырдтой йе сфæлдыстад зонджытæ.

Поэты фыццаг чиныг – «Æмдзæвгæтæ»- рацыд мыхуыры 1949 азы. Уæдæй фæстæмæ иу иннæйы фæстæ мыхуыры зынын райдыдтой йæ поэтикон æмбырдтæ куыд дыгуронау, афтæ уырыссаг æвзагмæ тæлмацгондæй дæр. Тæлмац та сæ кодтой зындгонддæр æмæ арæхстджындæр тæлмацгæнджытæ.

Тетцойы фырты цардыл рафæлгæсгæйæ æмбæлы зæгъын,  йæ царды йын цы бирæ цæлхдурты сæрты хизгæ рауад, уыдонæй йæ уд фидардæр чи кодта.    Таймуразы поэзи у цалдæр дуджы сурæттæ æвдисæг  айдæн.

Таймураз уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг. Уымæ гæсгæ йе сфæлдыстады дзæвгар ис хæстон темæйыл æмдзæвгæтæ.

Тетцойты Таймуразы тыххæй  дзургæйæ æнæ зæгъæн нæй поэт дыгурон дзырды фарнæн куыд аргъ кодта, уый. Стæй йæ куыд фæндыд фидæны фæлтæртæм куыд фæхæццæ уа, уый.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania