23 июля 2019, 13:04
Дигорайы аразын райдыдтой иувæрсты цæуæг дыууæ фæндаджы
Ног фæндæгтæ дзуапп дæтдзысты æдасдзинады нырыккон домæнтæн
Цæмæй сæйраг фæндагыл автомобилон змæлд фæкъаддæр уа, уый тыххæй Дигорайы аразын райдыдтой иувæрсты цæуæг дыууæ фæндаджы. Сæ иу цæуы Батышевы уынгыл. Ууыл цæудзысты Цыколайы рдæм транзитон æмæ уæзласæн транспорт. Иннæ та цæуы Хъарман-Сындзыхъæумæ фæндагыл. Ног фæндæгтæ дзуапп дæтдзысты æдасдзинады нырыккон домæнтæн. Сæ фæрцы Дигорайы экологон уавæр дæр хъуамæ зынгæ фæхуыздæр уа.




