филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:19 суббота, 21 сентября 2024
22 ноября 2012, 09:29
Дигорайы бындурон цалцæджы фæстæ байгом культурæйы хæдзар

Царды стырдæр хæзнатæй иу у культурæ. Йæ райрæзтмæ цæмæй стыр æвæрæн хаст цæуа, уый тыххæй та хъуамæ гæнæнтæ æмæ фадæттæ уа. Уый æмбары Дыгуры районы хицауад дæр. Йæ бон куыд у,афтæ кусы уыцы къабазы райрæзтыл.

Царды стырдæр хæзнатæй иу у культурæ. Йæ
райрæзтмæ цæмæй стыр æвæрæн хаст цæуа, уый тыххæй та хъуамæ гæнæнтæ æмæ

фадæттæ уа. Уый æмбары Дыгуры районы хицауад дæр. Йæ бон куыд у,афтæ
кусы уыцы къабазы райрæзтыл. Æрæджы цалцæггонд фесты Дигорайы культурæйы
хæдзар. Ныр дзы сывæллæттæ архайынц алыхуызон къордты.

Дигорайы Культурæйы артдзæст кусы
1938-æм азæй фæстæмæ. Уыцы рæстæгмæ дзы бирæ зындгонд адæм рацыд. Фæлæ
хæдзары уавæр азæй-азмæ æвзæрдæр кодта. Ныр уал цыбыр рæстæгмæ баивтой
концертон залы пъол, сценæ.

Габеты Фатимæ, Дигорайы культуры хæдзары
директор: «Тынг бирæ сфæлдыстадон къордтæ схъомыл мах культрæйы
хæдзары. Ансамбль «Кафт»-ы кой айхъуыст æппæт дунейыл. Бирæ къордты ма
ис сывæллæттæн фадат сæ арæхстдзинад раргом кæнынæн. Æрæджы та
Дзæуджыхъæуы Дельфиаг хъæзтыты нæ зæрæггæнæг райста æртыккаг бынат. Тынг
нын æххуыс кæны нæ районы хицауад».

Бæгæмедты Наталья, Дыгуры районы
культурæйы хайады сæргълæууæг: «Нæ районы ис цыппар адæмон къорды. Бирæ
мадзæлтты фæархайынц, æмæ хуыздæрты рæнхъыты вæййынц. Уыцы хорз
хъуыддæгтæ дзурæг сты, адæмы кусын кæй фæнды, культурæйы фидæнмæ
куыдфæндыйы цæстæй кæй нæ кæсынц,ууыл «.

Культурæйы хæдзары ис, сывæллæттæ
уæлæмхасæн ахуырад райсынмæ цы къордтæм цæуынц, ахæмтæ. Сæ
арæхстдзинадæн сын алыхуызон равдыстыты æмæ конкурсты бæрзонд аргъгонд
æрцæуы. Æрмæст кафджыты къорды архайы 50 адæймаджы. Кæд сын æппæт
фадæттæ нæй, уæддæр чызджыты уый нæ бахъыгдардта. Радон мадзалы сæ
арæхстдзинад равдыстой иттæг хорз.

Гобаты Ирина, кафджыты къорды архайæг:
«Дигорайы адæмæн тынг æхсызгон у, ахæм культультурæйы хæдзар нæм кæй ис,
уый. Æнæуаг митæ кæныны бæсты фæсивæд цæуы ардæм. Кафæм, кæрæдзийæн нæ
арæхстдзинад æвдисæм. Хъуамæ алы æрыгон адæймаг дæр кафын зона».

Снх Бæгæмедты Наталья, Дыгуры районы
культурæйы хайады сæргълæууæг: «Уыйас горæты культурæйы хæдзар ма уа,
фæлæ дзы хъуамæ уа галуан. Фæнды нæ, цæмæй адæмæн уа фæрæз сæхи
ирхæфсынæн, баулæфынæн».

Ацы залы бирæ цымыдисаг мадзæлттæ арæзт
æрцæуы. Йæ кусджытæ нæ кæнынц æфсонтæ, фæлæ сæ гæнæнтæ куыд амонынц,
афтæ сæ зонындзинæдтæ æмæ уды хъарм лæвар кæнынц сæ хъомылгæнинæгтæн æмæ
æрбацæуджытæн.

Сосранты Жаннæ, уацхæссæг: «Æнæмæнг, 10
мин адæймаджы цы горæты цæры, уымæн ацы культурæйы хæдзар гыццыл у, фæлæ
уæддæр йæ куысты бæрæггæнæнтæй зæрдæ райы».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania