филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:16 суббота, 28 сентября 2024
03 ноября 2021, 11:32
Дигорайы рæвдауæндонан баххуыс кодтой амалком адæм

Сæ иу, Хадаты Георгий

Сабийы рæсугъд фидæн аразгæ у йæ фыццаг къахдзæфтæй дуне  зонынадмæ. Уыдон та йын райдайынц рæвдауæндоны. Æмæ уым цы комулæфт уа, уый та бæрæг фæдары йæ зондахастыл. Уый æмбаргæйæ Дигорайы амалхъом адæм се ххуысы хай хæссынц рæвдауæндæтты уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ. Сæ иу, Хадаты Георгий. Йæ радон æххуысыл ын цин кæнынц рæвдауæндон  «Дюймовочка»-йы коллектив æмæ ныййырджытæ. Се нкъарæнты кой ракодтой  Сосранты Жаннæйæн æмæ йын бакæсæм йæ сюжетмæ.

Сывæллæттæн ахæм хъуыддæгтæ æмæ мадзæлттæ саразыныл куыст цæуы Дигорайы рæвдауæндон «Дюймовочка»-йы. Сæ бон ацæуы æрмæст хъæлдзæгæй æмæ хъазгæйæ нæ, фæлæ пайдаимæ сæ зондахастæн æмæ се нæниздзинадæн. Уыцы  зæрдиаг куыст уынгæйæ рæвдауæндоны коллективæн   стыр æххуыс кæнынц сывæллæтты ныййæрджытæ. Дзагуырты Оксанæ ардæм хоны  йе ртыккаг сывæллоны, æмæ коллективы куыстыл не стырзæрдæ кæны. Арфæйаг у æрæджы рæвдауæндоны рудзгуытæ кæй фæрцы ивд æрцыдысты, уыцы Хадаты Георгийæ.

Ныр рæвдауæндоны æппæт зæронд рудзгутæ дæр ивд æрцыдысты, æмæ зымæгон сывæллæттыл дымгæ нал кæндзæн. Уæтты хъармдзинад дæр фæхуыздæр уыдзæн.

Уæвгæ ацы рæвдауæндон арæзт æрцыд 1986-æм азы æмæ уыцы рæстæгмæ йæ рудзгутæ æнæ бамбыйгæ дæр куыд уыдаиккой, фæлæ йæ байгомæй нырмæ рæвдауæндонæн разамынд цы Легойты Валентинæ дæтты, уый хъуыдымæ гæсгæ бындур фæрæстмæ, уый бæрæг вæййы сæ рауагъдонты бæрзонд зондахастыл.

Ныр, рæвдауæндон йæхи нæ уыны æнæ  ныййарджыты æмæ  амалхъом адæмы æххуысæй. Куыд сæ бамбæрстон, афтæмæй  уыдоны фæрцы сын æнтысы нырыккон гæнæнтимæ æмдзу кæнын.

Фидæны æнтыстджын, æхсæнадæн пайдайаг адæймаг цæмæй рауайа сывæллонæй, уый тыххæй йын йæ зондахастыл кусын райдайын фæхъæуы  рæвдауæндоны, уый æмбарынц Дигорайы рæвдауæндон «Дюймовочка»-мæ кæй сывæллæттæ цыдысты, æмæ цæуынц, уыдон. Сæ зæрдиаг æххуысы фæрцы рæвдауæндоны бакастмæ зæрдæ рухс кæны, сабитæн та ис хъазынæн æмæ ахуыр кæнынæн гæнæнтæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania