филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:10 воскресенье, 01 февраля 2026
24 сентября 2024, 11:06
Дигорайы сбæрæг кодтой зындгонд капитан Къесаты Астаны райгуырды 110 азы

Мадзал сарæзтой æхсæнадон организаци Стыр Ныхасы æххуысæй

Дигорайы сбæрæг кодтой зындгонд капитан, Советон Цæдисы хъæбатыр Къесаты Астаны райгуырды 110 азы. Мадзал сарæзтой æхсæнадон организаци Стыр Ныхасы æххуысæй. Архайдтой дзы Дигорайы администрацийы разамынд, бынæттон цæрджытæ, скъоладзаутæ, интеллигенцийы минæвæрттæ. Номарæн изæрæн æвдисæн уыди Сосранты Жаннæ дæр.

Дигорайы намысы Аллейæйы цы хъæбатыртæ æмæ  Дыгуры районы кадджын минæвæртты бюстытæ  ис, уыдоны æхсæн Къесаты Астаны уон дæр. Йæ райгуырæн боны дидинджытæ æвæрд æрцыд ууыл дæр, стæй Дзæуджыхъæуы цыртдзæвæныл. Ам ын æрымысыдысты йæ ном. Æппæт дунеон æхсæнадон змæлд Иры уæлдæр советы сæрдар Уататы Зелимханы хъуыдымæ гæсгæ Астан æмæ йæ бинойнаджы хуызæттæй фидауы Ирыстон, æмæ хъуамæ рох ма уой. Сæ абоны райдзаст цардмæ æвæрæн та уа дæнцæгæн æрхæссинаг.

Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы  сценаримæ гæсгæ Дигорайы Цæголты Геуæргийы номыл музеймæ æрбацæуджыты зæрдыл, æрлæууын кодтой Къесаты Астаны бинонты цард, стæй  йæ хъабатырдзинæдтæ.  Мадзалы бацархайдтой  Дыгуры районы администрацийы разамынд, республикæйы ветеранты совет, бынæттон цæрджытæ, скъоладзаутæ, интеллигенцийы минæвæрттæ. Æмдзæвгæтæ бакастысты Дигорайы дыккæгæм скъолайы ахуырдзаутæ. Бынæттон культурæйы галуаны сфæлдыстадон къордтæ та ракодтой героикон зарджытæ. Номарæн мадзалмæ æрбацæуджытæ бакастысты Къесаты Астаны цардвæндагимæ баст видеоæрмæгмæ дæр.

Музейы директор Лолаты Батраз искæй ныхæстæм гæсгæ нæ зоны Къесайы фырты хъæбатырдзинæдтæ. Алкæддæр ын дис кодта йæ хуымæтæгдзинадыл.

Батразы ныхæстæм гæсгæ Астаны стырдæр зын хæсты рæстæг нæ уыд,  фæлæ сæрибар царды. Æнæнхъæлæджы цау ын йæ уд бамæгуыр кодта.

Æнусон хъæбатыр, æнусмæ мысинаг адæймаг Къесаты Астаны ном та , ма ноджыдæр иу хатт , хаст æрцыд дзыллæтæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania