филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:01 среда, 17 декабря 2025
08 ноября 2019, 15:46
Дигорайы спортивон комплексы арæзт æрцæудзæн Бердиты Солтаны номарæн турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй

9-æм хатт дзы архайдзысты спортсментæ канд Уæрæсейæ нæ, фæлæ ма сыхаг республикæтæй æмæ бæстæтæй дæр

Райсом Дигорайы спортивон комплексы арæзт æрцæудзæн Бердиты Солтаны номарæн турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. 9-æм хатт дзы архайдзысты спортсментæ канд Уæрæсейæ нæ, фæлæ ма сыхаг республикæтæй æмæ бæстæтæй  дæр.  Сомихæй, Абхазæй, Дагестанæй, Цæцæнæй, Мæхъæлæй, Ирыстонæй – æдæппæтæй 200 спортсменæй фылдæр.  Азæй азмæ рæзы  турниры ахадындзинад æмæ йæ географи.  Йæ архайджытæ дæр сæ кармæ æмæ сæ уæзтæм гæсгæ фылдæр кæнынц. Фараст азмæ систы 10 категорийы бæрц. Дыгуры районы раздæры сæргълæууæг Бердиты Солтан зæрдиагæй куыста фæсивæдимæ. Стыр æвæрæн бахаста Дигорайы спорты райрæзтмæ. Йæ фæрцы арæзт æрцыдысты фыццаг хъæбысæй хæцыны уавæртимæ залтæ, стæй Дыгуры районы спортивон комплекстæ. Уыимæ  ма йæ фæстæ цы фæд ныууагъта, уый фæлтæртæ бирæ азты хъуыды кæндзысты æмæ дзы пайда кæндзысты. Дигорайы  арæзт æрцыд аргъуан, Намысы Аллейæ, парк.  Бердийы-фырт архайдта, цæмæй æрыгон адæм уынгты æгуыстæй ма лæууой, фæлæ архайой спортæй. Æмæ сын  арæзта  æппæт фадæттæ дæр, цæмæй тырной  спорты бæрзæндтæм. Йæ рæстæджы фæзындысты Дыгуры районы фыццаг зындгонд спортсментæ. Турниры æппæт архайджытæ дæр хорзæхгонд æрцæуынц зынаргъ лæвæрттæй, æхцайы премитæ, кубоктæй  æмæ кады гæххæттытæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania