26 апреля 2018, 15:40
Дигорайы сывæлæттæ нырæй фæстæмæ спортмæ ноджы тынгдæр æмхиц уыдзысты
Æрбаластой сын ног тренажертæ.
Дигорайы сывæлæттæ нырæй фæстæмæ спортмæ ноджы тынгдæр æмхиц уыдзысты.
Æрбаластой сын ног тренажертæ. Штангæтæ, дисктæ æмæ æппæт хъæугæ ифтонггарз уæззау атлетикæйæ æмæ æрмхæстæй архайынæн. Спортивон комплекс байгом кодтой цалдæр мæйы размæ. Уæд кадджын мадзалы нæ республикæйы сæргълæууæг Битарты Вячеслав загъта, уæззау атлетикæйы залы фаг тренажертæ кæй нæй, уый, æмæ сæ балхæнын бахæс кодта. Спортивон кусæнгæрзтæ комплексæн балæвар кодта спорт æмæ физкультурæйы министр Бæройты Хасан. Алы бон дæр дзы тренировкæтæ фæкæны 350 адæймаджы онг. Хъæугæ ифтонггарз ссарын сын уыд сæ сæйрагдæр хæстæй иу. Ныр ног снарядтæ фидаргонд æрцыдысты æмæ разæнгардæй пайдагонд цæуынц. Спортивон комплексы директор Тогойты Вадимы ныхæстæм гæсгæ, сæ ацы тренажертæ рагæй хъуыдысты. Уый размæ-иу фæсивæд тренировкæтæ кодтой скъолайы залы. Абон та æппæт секцитæ кусынц иу бæстыхайы. Фæсивæдæн дзы фадат ис футболæй, волейболæй, баскетболæй, армрестлингæй, боксæй, гимнастикæйæ æмæ уæззау атлетикæйæ.
темæмæ гæсгæ




