филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:00 суббота, 31 января 2026
26 ноября 2025, 10:38
Дигорайы цæрæг Къорнаты Владимиры хæдзар сси сфæлдыстадæн аргъгæнджыты уарзон бынат

Пенсимæ рацæугæйæ, йæхимæ раргом кодта нывгæнæджы курдиат æмæ йæ цæрæнуатæй скодта аивады æцæг музей

Дигорайы цæрæг Къорнаты Владимиры хæдзар сси сфæлдыстадæн аргъгæнджыты уарзон бынат. Пенсимæ рацæугæйæ, йæхимæ раргом кодта нывгæнæджы курдиат æмæ йæ цæрæнуатæй скодта аивады æцæг музей. Йæ куыстытæ фенынмæ йæм æрбацæуынц уазджытæ бæстæйы алы регионтæй. Хæдахуыр нывгæнæджы тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Къорнаты Владимиры хæдзар фылдæр у аивадон галерейы хуызæн. Авторы нывтæ алы ран дæр – къултыл, къæлидорты æмæ æрмадзы. Алы куыст дæр – хицæн истори, æнæхъæн хæдзар та – нывгæнæджы музейы хуызæн. Сæдæгай аивадон уацмыстæ фенынмæ фæхъæуы равдыстадон залмæ цæуын. Фæлæ Къорнаты Владимиры экспозици æхгæд никуы вæййы. Аивады ис 15 азы бæрц. Зын бауырнæн у, фæлæ йæ фыццаг куыст сныв кодта 72 азы йыл куы цыдис, уæд.

Ныртæккæ мастер кусы ног нывыл. Хуыйны «Привал». Баззад ма лыстæг куыстытæ æмæ цæттæ уыдзæн. Иннæ аз та Владимирмæ æрбацæудзæн делегаци æфсымæр-горæт Кадомæй Рязаны облæстæй. Æмæ йæ уæд нывгæнæг фæнд кæны уыдонæн балæвар кæнын.

Къорнаты Владимиры царды фæлтæрддзинад йæ куыстыты хуызæн ирд у. 40 азæй фылдæр фæллой кодта хъæууон хæдзарады къабазы бæстæйы алы регионты æмæ ма суанг куыста Африкæйы дæр. Ацы континент йæ царды арф фæд ныууагъта. Йе нкъарæнтæ ма ныры онг дæр æвдисы йæ нывты. Йæ куыстытыл – Кавказы сæрыстыр хæхтæ, æмæ Африкæйы флорæ æмæ фаунæйы ирд ахорæнтæ.

Къорнаты Владимир æрмæст сфæлдыстадмæ æмхиц нæу. Йæ хæдзары ма ис иу цымыдисаг тыгъдад – æцæг музей. Ам сæмбырд кодта ирон цардыуаг æвдисæг дзаумæттæ, рагон хæцæнгæрзтæ, архивон хуызистытæ. Сæ фылдæр хай æм æрхаудысты йæ хистæртæй. Иннæ экспонаттæ йын æрбахастой æмхъæуккæгтæ æмæ хиуæттæ. Нывгæнæг у равдыстыты активон архайæг. Уыд ын сæрмагонд равдыстытæ республикæйы æмæ Цæгат Кавказы регионты. Къорнаты Владимир у, пенсимæ рацæугæйæ царды ног къæпхæнмæ схизын, æнæнхъæлæджы курдиат раргом кæнын  æмæ зæрдæмæдзæугæ хъуыддаг ссарын кæй ис, уый дæнцæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania