филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:17 суббота, 28 сентября 2024
20 апреля 2021, 13:56
Дигорайы цалцæггæнæн куыстытæ цæуынц Намысы Аллеяйы

Ацы зæрдылдарæн бынат ам фæзынд 2000-æм азы

Дигорайы цалцæггæнæн куыстытæ цæуынц Намысы Аллеяйы. Ацы зæрдылдарæн бынат ам фæзынд 2000-æм азы. Уæды районы сæргълæууæг Бердиты Солтаны хъæппæрисæй Дигорайы астæу, базары бынаты, уынаффæ хаст æрцыд, цæмæй дзы æвæрд æрцæуой районы кадджын адæмты бюсттæ, уыимæ дзы æркуыста фонтан. Уæдæй рацыд 21 аз. Уыцы рæстæгмæ номарæн бынат бындуронæй цалцæггонд никуы рцыд, æмæ йæм сфæнд кодтой базилын. Ныридæгæн райдыдтой терриртори аив кæнын. Бæлæсты уидæгтæ скалдтой плиткæ, æмæ сæ ныр банывыл кæнын хъæуы ногæй. Сахордзысты Алляйæмæ бацæуыны кулдуæрттæ, баивдзысты бордюртæ. Уыимæ ма фæнд кæнынц, ногæй фонтан æркусын кæнын. Æппæт куыстытæ хъуамæ конд фæуой майы бæрæгбæттæм. Намысы Аллея банывыл кæныны фæнд фæзынд Цæгат Ирыстоны парламенты депутат Бердиты Вадиммæ æмæ Дыгуры районы æмбырды минæвæртты депутат Хадаты Георгимæ. Сæ рхъуыдыдзинады фæрцы та ма бирæ азты номарæн бынат пайдайаг уыдзæн, кæстæр фæлтæрмæ историмæ æвæрæн чи бахаста, уыдоны хабæрттæ зонынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania