филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:09 вторник, 16 декабря 2025
11 ноября 2025, 11:04
Дигорайы уыд Бердиты Солтаны номыл 11-æм турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй

Æдæппæтæй 150 архайæджы Цæгат Ирыстоны æппæт районтæй

Дигорайы уыд Бердиты Солтаны номыл 11-æм турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерыс кодтой 11-12 азы кæуыл цæуы, ахæм лæппутæ. Æдæппæтæй 150 архайæджы Цæгат Ирыстоны æппæт районтæй. Уæлахиздзауты æмæ призерты сбæрæг кодтой 14 уæзы категорийы. Хъæбысхæцджытæн ма уыд сæрмагонд хæрзиуджытæ дæр. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Ацы æвзонг спортсментæ азæй-азмæ сæхиуыл æнæауæрдгæйæ архайынц, цæмæй уæгъдибар хъæбысхæстæй спорты мастертæ суой, ууыл. Се хсæн Мæрзаты Арсæмæг дæр. Уарзон спорты хуызæй лæппу архайы ныр 4 азы. Уыцы рæстæгмæ архайдта бирæ республикон ерысты. Арсæмæг кæддæриддæр вæййы хуыздæрты æмрæнхъ. Лæппуйæн спорты ахсджиаг сты фæлтæрддзинад æмæ хæлардзинад.

Ацы турниры Арсæмæг архайы дыккаг хатт. Куыд зæгъы, афтæмæй æхсызгон у, йе мгæрттимæ сын кæй ис, ахæм стыр ерыстæй ног æмæ ахсджиаг зонындзинæдтæ райсыны фадат фидæны уæлахизтæн.

Ацы ерыстæ баст сты Дыгуры районы раздæры сæргълæууæг Бердиты Солтаны номимæ. Хуыдтой йæ æцæг патриот. Йæ 7 азы куыстмæ Дигорайы æнтыстджын ивддзинæдтæ æрцыд. Ныр 11 азы ацы турнир æрыгон спортсменты зæрдыл æрлæууын кæны, куыд ахсджиаг у, ахæм адæмы хъуыды кæнын æмæ сын кад кæнын, уый. Ерысты размæ тренертæ æмæ æрыгон хъæбысхæцджытæ дидинджытæ сæвæрдтой Бердиты Солтаны цыртдзæвæны цур Дигорайы Намысы Аллеяйы.

Гауызыл сæ арæхстдзинад райдыстой 2013-æм-2014-æм азты чи райгуырд, ахæм хъæбысхæцджытæ республикæйы æппæт районтæй. Уæлахиздзауты æмæ призерты сбæрæг кодтой 14 уæзы категорийы. Схорзæхджын сæ кодтой майдантæй, призтæй æмæ дипломтæй. Турнир аразджытæ ма снысан кодтой сæрмагонд призтæ: «Хуыздæр техникæйы тыххæй», «Уæлахизмæ тырнындзинады тыххæй», «Æппæтæй æвзонгдæр архайæгæн» æмæ «Адæмы зæрдæмæ фылдæр чи фæцыд, уымæн».

Бердиты Солтаны номыл ерыстæ рагæй систы æвзонг спортсменты иугæнæн фæз. Алы ныхмæлæуды дæр хъæбысхæцджытæ æвдисынц фæуæлахиз уæвынмæ тырнындзинад. Æмæ ма ацы турнир бирæ азты лæвар кæндзæн рæзгæ фæлтæрæн ахсджиаг ерысгæнæн фæлтæрддзинад.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania