филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:53 понедельник, 02 ноября 2026
23 октября 2026, 10:52
«Дин, æхсæнад æмæ бæрнон журналистикæ» — сæйраг темæ Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчер Герасимы æмæ республикæйы дзыллон информацийы фæрæзты разамонджыты фембæлды

Æргом ныхасы архайдтой епархийы æндæр минæвæрттæ дæр, стæй Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæ, профилон факультетты декантæ, блогертæ

«Дин, æхсæнад æмæ бæрнон журналистикæ» — сæйраг темæ Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчер Герасимы æмæ республикæйы дзыллон информацийы фæрæзты разамонджыты фембæлды

«Дин, æхсæнад æмæ бæрнон журналистикæ» — сæйраг темæ Дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг алчер Герасимы æмæ республикæйы дзыллон информацийы фæрæзты разамонджыты фембæлды. Æргом ныхасы архайдтой епархийы æндæр минæвæрттæ дæр, стæй Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты студенттæ, профилон факультетты декантæ, блогертæ. Йæ раныхасы алчер Герасим æрдзырдта нырыккон царды быцæутыл, стæй дины кусæгæн цавæр ахадындзинад ис, æхсæнадимæ æмæ дзыллон информацийы фæрæзты минæвæрттимæ æмгуыстад куыд цæуы, ууыл. Мадзал арæзт æрцыд, форум «Национ блогеры скъола»-йы фæлгæты. 5 боны форумы архайджытæ алыхуыон ахуырадон фæзты зонгæ кæндзысты национ культурæимæ æмæ хæдбындурдзинадимæ, бæрнон журналистикæимæ, социалон хызты куыстимæ. Ахсджиаг у, дины темæ æхсæнадмæ куыд хæццæ кæны, уый дæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania