Мысæн мадзалы байгом кодтой хъæбатыры номарæн фæйнæг
Дмитрий Базаровы ном амæй фæстæмæ хæсдзæн Дзæуджыхъæуы 27-æм скъолайы 5-æм кълас. Мысæн мадзалы байгом кодтой хъæбатыры номарæн фæйнæг. Дмитрий Базаров йæхæдæг уыд ацы ахуыргæнæндоны рауагъдон. Кировы номыл Сырх тырысайы Дзæуджыхъæуы уæлдæр æфсæддон командон училищæйы курсант уæвгæйæ, равдыста йæ сæйраг хъæбатырдзинад. 1992-æм азы гæрзифтонг фыдгæнджыты къорд бабырста æфсæддон училищæйы ахуыргæнæн центрмæ. Дмитрий йæ дæлхайад аирвæзын кодта, йæхи цард нæ бавгъау кæнгæйæ. Уыцы рæстæг ыл цыди æрмæстдæр 19 азы. Йе фсæддон хæс æххæст кæнгæйæ, хъæбатырдзинады æмæ удуæлдайдзинад кæй равдыста, уый тыххæй хорзæхджынгонд æрцыд лæгдзинады орденæй. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ Уæрæсейы Хъæбатыр Андрей Днепровскийы мад Татьянæ галстуктæ бабастой номарæн къласы ахуырдзаутæн. Нырæй фæстæмæ сæрыстырæй хæсдзысты Дмитрий Базаровы ном. Афтæмæй ахуыргæнæндон архайы æппæтуæрæсеон акци «Хъæбатыры Партæ» æмæ «Хъæбатыры кълас»-ы.




