филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:17 понедельник, 15 декабря 2025
30 января 2013, 17:14
Дмитрий Хмелев Самарæйæ балæвар кодта планшетон компьютер Тедеты Зауырæн. Уый цы æхца æмбырд кодта, уыдон радта Гæджынаты Янæйы сдзæбæх кæнынæн

Гæджынаты Янæ цы зын уавæры бахауд, уый бирæ адæм айстой сæ зæрдæмæ. Се ‘хсæн амалхъом адæймаг Самарæйæ Дмитрий Хмелев дæр. Янæйæн радих кодта милуан сомæй фылдæр. Уыимæ ма æхсызгон лæвар скодта Тедеты Заурæн дæр.

Гæджынаты Янæ цы зын уавæры бахауд, уый бирæ адæм айстой сæ зæрдæмæ. Се ‘хсæн амалхъом адæймаг Самарæйæ Дмитрий Хмелев дæр. Янæйæн радих кодта милуан сомæй фылдæр. Уыимæ ма æхсызгон лæвар скодта Тедеты Заурæн дæр. 10-аздзыд лæппу йæхицæн хъазæнæн цы æхца æмбырд кодта, уыдон радта Янæйæн. Ахæм зæрдæхæлар адæмы фæрцы абон Янæ йе нæниздзинад хуыздæр кæны немыцаг клиникæйы.

10-аздзыд Тедеты Заурæн планшетон компьютер балæвар кодта æнæзонгæ адæймаг. Социалон хызтæй амалхъом адæймаг Самарæйæ Дмитрий Хмелев базыдта, лæппу цы æхца æмбырд кодта, уыдон кæй нæ бавгъау кодта Гæджынаты Янæйæн.

Сæлбиты Алан, блогер: «Уыцы ми дæр Хмелев йæ зæрдæмæ бахаста. Тедеты Заурæн радих кодта æхца, цæмæй йын Ног азмæ балхæной йæ зæрдæ цы зæгъа, ахæм ллæвар. Равзæрста компьютер. Балхæдтам ын æй. Тынг æхсызгон у, æгайтма нæм ахæм фæсивæд ис, нæ Фыдыбæстæйы ахæм рæдау адæм цæры, æмæ алкæйы цæрæнбон бирæ уæд».

Самайраг амалхъом адæймаджы абон, æвæццæгæн, Цæгат Ирыстоны зонынц се ппæт дæр. Ивгъуыд азы кæрон интернеты апарахат информаци, 17-аздзыд Гæджынаты Янæ тынг тыхст кæй у, æмæ йе сдзæбæх кæнынæн стыр фæрæзтæ кæй хъæуы, уый тыххæй. Дмитрий Хмелев уайтагъд чызджы хыгъдмæ рарвыста 100 мин сомы, фæстæдæр та – цы нæ фаг кодта, уыцы æхца дæр.

Сæлбиты Алан, блогер: «Куы федта ног хабæрттæ æмæ Германийы дохтыртæ куы загътой, цалынмæ нын фæрæзтæ иууылдæр бафидой, уæдмæ уын уæ чызджы не сдзæбæх кæндзыстæм, уæд загъта мæ бон цæмæй уа, уымæй фæкæсдзынæн. Фысгæ дæр афтæ ныккодта, æрсабыр, дам, кæнут Ирыстоны адæмы, мæ бон цæмæй уа, уымæй фæкæсдзынæн. Æмæ йæ ныхасæн лæг разынд».

Уыцы хъуыддаг Дмитрий йæхæдæг хъæбардзинадыл нæ нымайы.

Дмитрий Хмелев: «Мæнмæ диссаг кæсы, адæймагæн баххуыс кæнын цавæрдæр хъæбатырдзинадыл цæмæн нымайынц, уый. Афтæ хъуамæ ма уа. Фадат дын куы уа, уæд ма баххуыс кæн, уый у диссаг».

Тедеты Заур æхца æмбырд кодта, цæмæй йæхицæн хъазæн вертолет балхæна, уый тыххæй. Янæйæн кæй радта йæ фæрæзтæ, ууыл нæ фæсмон кæны. Фæлæ уæддæр йæ бæллиц сæххæст. Æхсызгон лæвар ын скодта Дзæуджыхъæуы цæрæг Хъодзаты Алан. Ныртæккæ Гæджынаты Янæ ис немыцаг хуыздæр клиникæтæй иуы. Йæхи хуыздæр æнкъары æмæ куыд зæгъы, афтæмæй æнæмæнг сдзæбæх уыдзæн, уымæн æмæ йын уытæппæт адæмы зæрдæхудты бацæуыны бар нæй.

Хъайтмазты Дзерассæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania