филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:07 воскресенье, 19 мая 2024
30 июня 2020, 17:13
Дохтыртæн адæм кæнын райдыдтой æмбæлгæ аргъ

Нæ программæйы уæ базонгæ кæндзыстæм, тагъд æххуысы клиникон рынчындоны «сырх зонæйы» чи фæкуыста, ахæм цалдæр дохтыримæ

Нæ рæстæджы хъæбатыртæ. Афтæ æппæт дунейы дæр ныртæккæ хонынц дохтырты. Æмæ хуымæтæджы нæ. Сæ дæсныйады кад бæрзонддæр фæкодтой, коронавирусы инфекцийæ рынчынты дзæбæх кæныны фæстæ. Уæдæ сын адæм дæр кæнын райдыдтой æмбæлгæ аргъ. Нæ программæйы уæ базонгæ кæндзыстæм, тагъд æххуысы клиникон рынчындоны «сырх зонæйы» чи фæкуыста, ахæм цалдæр дохтыримæ. Ныр дæр зæгъынц – кæд та се ххуыс бахъæуа, уæд, æнæмæнг, уыдзысты фыццæгты æмрæнхъ.

Æнæхъæн мæй ног куысты фæтк. Абысалты Æхсарбег майы кæрон 2-æгæм поликлиникæйы сæргълæууæджы кабинет раивта хи хъахъæнæн комбинезонæй. Республикæйы медиктæн уæззау рæстæг куы ралæууыд, уæд йæ хæсыл банымадта сæ фарсмæ слæууын. Тагъд æххуысы бригады хыгъды боныгон куыста алы уавæрты пациенттимæ.

Абысалты Æхсарбег хаст æрцыд кадрты резервмæ. Йе ххуыс бахъуыди, апрелы митинджы фæстæ рынчынты нымæц куы фæфылдæр, уæд. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй йæ йæ хæстæджытæ бамбæрстой, æмæ йын йæ уынаффæимæ сразы сты. Ныр та æрцыд йæ раздæры куысты фæткмæ здæхыны рæстæг. Дыууæ къуырийы карантинмæ ацыдысты терапевттæ Магаты Игорь æмæ Бигъаты Алан. Дыууæ мæймæ фыццаг хатт бабæрæг кодтой сæ поликлиникæ. Дыууæ дохтыры дæр куыстой, тагъд æххуысы клиникон рынчындоны «сырх зонæ» кæй хонынц, уым.

Сæ телефонты къамтæ æмæ видеоæрмæджытæ дзурæг сты нæ республикæйы зын рæстæгыл. Бигъаты Алан 4-æм поликлиникæйы кусы ныр 5 азы.

Йæ участокмæ хауынц Дайраны комы æппæт хъæутæ, стæй Уæллаг Ларсы контролон-уадзæн пункт. Фæлæ тагъд æххуысы клиникон рынчындоны дохтырты куы бахъуыд, уæд æвæстиатæй бадардта йæ профессионалон æххуыс. Ахæм уынаффæ Аланы хæстæджытæн уыд æнæнхъæлæджы.

Магаты Игорæн сырх зонæйы 16-гай сахаттæ кусын сси стыр фæлтæрддзинад. Æрыгон специалист нæ республикæмæ сыздæхт 8 мæйы размæ, Сеченовы номыл медицинон академийы ординатурæ каст фæуыны фæстæ.

Ирыстоны кусын уыд йæхи уынаффæ, кæд æмæ йын Мæскуыйы баззайыны фадат уыди, уæддæр. Уæдæ дызæрдыг нæ фæкодта, коронавирусы инфекцийæ рынчынты дзæбæх кæнын куы бахъуыди, уæд дæр.

Ныртæккæ Бигъаты Алан æмæ Магаты Игорь сæхи цæттæ кæнынц сæ раздæры куысты фæткмæ раздæхынмæ. Сæ дохтыртæм æнхъæлмæ кæсынц куыд пациенттæ, афтæ се мкусджытæ дæр. Абысалты Æхсарбег та æппæт ацы æмгъуыд æххæст кодта йæ разамонæджы хæстæ дæр, æрмæст дардмæ. Цы зын 3 мæйы бакуыстой дохтыртæ, уыдоны фæстæ фидарæй зæгъынц – кæд ма се ххуыс бахъæуа, уæд, æнæмæнг, уыдзысты фыццæгты æмрæнхъ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania