филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

12:09 воскресенье, 19 мая 2024
19 апреля 2022, 10:45
Донбассæй æмæ Мариуполæй сывæллæттæ хуынд æрцыдысты циркмæ

Лæппутæ æмæ чызджытæ ныртæккæ цæрынц республикæйы санаториты, æмæ ныр ссыдысты Дзæуджыхъæумæ

Донбассæй æмæ Мариуполæй сывæллæттæ хуынд æрцыдысты циркмæ. Лæппутæ æмæ чызджытæ ныртæккæ цæрынц республикæйы санаториты, æмæ ныр ссыдысты Дзæуджыхъæумæ, цæмæй цалдæр сахатмæ абалц кæной хъæлдзæгдзинады æмæ алæмæты дунемæ. Кæстæрты дисы бафтыдтой ихын фæзы æмæ рухсытæй арæзт шоу, акробаттæ, жонглертæ æмæ æндæр ирхæфсæн мадзæлттæ. Æцæг аниматор сабиты зæрдæтæ барухс кодта хъæлдзæг инсценировкæтæй. Стæй ма сæ хуыдта аренæмæ дæр. Зæгъын ма хъæуы уый дæр, æмæ сывæллæттæй бирæтæ цирчы уыдысты фыццаг хатт. Ирд æнкъарæнтæ сын баххуыс кæндзысты рæстæгмæ сæ риссагдæр фарстатæ айрох кæнынæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania