10 марта 2022, 12:24
Донбассæй æрбалидзæг адæмы дыккаг къорд ссыди Цæгат Ирыстонмæ
156 адæймагыл, уыдонæй 100 сты сывæллæттæ, сæмбæлдысты Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндаджы вокзалы
Донбассæй æрбалидзæг адæмы дыккаг къорд ссыди Цæгат Ирыстонмæ. 156 адæймагыл, уыдонæй 100 сты сывæллæттæ, сæмбæлдысты Дзæуджыхъæуы æфсæнвæндаджы вокзалы. Уырдыгæй абалц кодтой санаторий «Юность»-мæ æмæ Тæмисчъы реабилитацион центрмæ. Æппæт сывæллæттæ нæ республикæйы æрбынат кæндзысты бынæттон рæвдауæндæтты æмæ скъолаты. Кæд искæйы бахъæуа, уæд сын æнæмæнг бакæндзысты медицицнон æххуыс дæр.
темæмæ гæсгæ




