филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:03 суббота, 06 июля 2024
31 марта 2022, 10:43
Донбассæй æрлидзæг адæм ахуыр кæнынц сабыр цардыл

Тынг разы сты, Ирыстоны сæ куыд суазæг кодтой, уымæй. Ахсджиаг архайд цæуы, цæмæй сын уой æмбæлгæ уавæртæ.

Донбассæй æрлидзæг адæм ахуыр кæнынц сабыр цардыл. Тынг разы сты, Ирыстоны сæ куыд суазæг кодтой, уымæй. Ахсджиаг архайд цæуы, цæмæй сын уой æмбæлгæ уавæртæ. Ацы хатт сын арæзт æрцыд цымыдисаг экскурси Дзæуджыхъæуы зæрдылдарæн бынæттæм. Фæхуыдта сæ бынæттон администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав. Уазджыты ахсджиаг балцы тыххæй бæстондæр радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Дзæуджыхъæуы историон центр ацы бынаты райдайы. Ам рагон бæстыхæйтты раз æнгом æрбынат кодтой нырыккон кафетæ æмæ тезгъогæнæн бынæттæ. Ольгæ Бабылева фыццаг хатт ис Дзæуджыхъæуы центры. Чызг цымыдисæй фæлгæсы цъæх арв, урс хæхтæ æмæ горæты цæрджты сабыр цардыл. Йæ райгуырæн бæстæ дæр кæддæр ахæм æнæмæт цард кодта. Ольгæйы бæллиц у дунейыл æрзилын æмæ горæтыл экскурси йæхицæн банымадта лæварыл.

Ольгæ хæдзары ныууагъта йæ ныййарджытæ æмæ хистæр æфсымæры. Сывæллæттæн сæ зæрдæ æдзухдæр æхсайы сæ райгуырæн бæстæ æмæ сæ бинонтæм. Лилия Задрановскаяйæн йæ нана куыд фехъусын кодтой, афтæмæй сæ горæт ныр дæр ма æхсынц.

Сывæллæттæн экскурси скодта администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав. Семæ куы аныхас кодта, уæд зæрдæ бавæрдта, сæ иумæйаг бæллиц сæххæст кæнынмæ сæм кæй фæкæсдзæн, уымæй.

Райдиан кълæсты ахуыргæнæг Татьяна Згуровская куыд зæгъы, афтæмæй сывæллæттæ Дзæуджыхъæуы зынгæ фæсабырдæр сты, сæ тарст ссыдис.

Ныртæккæ сывæллæтты бæллицтæ сты бæлвырд æмæ хуымæтæг — фæнды сæ урочытæ скæнын, хæхтæ фенын, ирон хæринæгтæй саходын. Алкæмæн дæр йæ зæрдæ æхсайы йæ бинонтæм. Сывæллæтты уырны, тагъд рæстæг сæ райгуырæн горæтмæ кæй æрбаздæхдзысты æмæ сармадзанты срæмыгъдтытæ кæй никуыуал фехъусдзысты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania