филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:09 пятница, 17 мая 2024
25 мая 2022, 11:35
Донбассы сывæллæттæн Уыналы арæзт æрцыд бæрæгбон

Бацæттæ сын кодтой цымыдисаг ирхæфсæн программæ, равдыстой Ирыстоны уазæгуарзондзинад

Ирон кæфтытæ, дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, спортивон ерыстæ. Ныртæккæ Ирыстоны чи цæры, Донбассы уыцы сывæллæттæн Уыналы арæзт æрцыд бæрæгбон. Бацæттæ сын кодтой цымыдисаг ирхæфсæн программæ, равдыстой Ирыстоны уазæгуарзондзинад. Бæлвырдæрр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Ирон кафты элементтæ дыууæ Аленæйы иттæг хорз сæххæст кодтой. Дæсныйадæвдисæг ахуыр сын сарæзта алагираг ансамбль «Аланты» солисткæ Габолаты Даринæ. Фæстæдæр сфæлдыстадон къорд равдисдзæн уазджытæн дагестайнаг кафт, ныр та уал чызджыты сæхи бафæндыд ирон кафты сусæгдзинæдтæ базонын.

Кæфтыты фæстæ рахызтысты кулинарон сусæгдзинæдтæм. Фыццаг хатт ирон чъири сфыцын – ахсджиаг хъуыддаг у. Уазджытæн амонынц, хыссæ æрмæст хорз хъуыдытимæ кæнын кæй хъæуы. Уæвгæ, сæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм бынаты æндæрхуызон уæвæн нæй.

Гыццыл дарддæр та лæппуты ахуыр кæнынц хъæдæрмæгимæ кусын. Хырхимæ архайын, хæдзары чи бахъæудзæн, ахæм мигæнæнтæ аразын.

Спортивон фæзы та бæрæг кæнынц, хъаруджындæр æмæ рæвдздæр чи у, уый. Сæ тыхтæ бавзарын бирæты бафæндыд. Карина Ивасюкыл 11 азы цæуы. Æдзухдæр тырны раззæгты æмрæнхъ уæвынмæ. Ацы хатт дæр ын бантыст.

Иумæйаг хъуыдымæ гæсгæ, ерысты фæуæлахиз хæлардзинад. Фæлæ уæддæр хуыздæртæ хорзæхгонд æрцыдысты лæвæрттæй. Олимпаг чемпион Рæмонты Сосланæй пурти рамбылдта сывæллæтты къорд Донбассæй. Уыдис сæрмагонд лæвæрттæ дæр. Цæллагкаты мыггаджы мæсгуыты комплексы уазджытæ фыццаг хатт не сты.

Ахæм бæрæгбон Донбассы сывæллæттæн бацæттæ кодтой артисттæ, блогертæ, бынæттон æрмдæснытæ æмæ хæринаггæнджытæ. Æххуыс сын кодтой волонтертæ.

Фудблогертæ уазджытæн бацæттæ кодтой национ хæринæгтæ. Æппæтæй тынгдæр æнхъæлмæ кастысты лывзæмæ.

Æнæрхъуыдыйæ нæ баззадысты йæ гуырæн бон чи бæрæг кодта, уыцы сывæллæттæ дæр. Æнæмæнг сæ зæрдæты баззайдзæн ацы бон, сæйрагдæр та – Ирыстоны уазæгуарзондзинад сын чи равдыста, уыцы адæм.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania