филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:45 пятница, 19 апреля 2024
28 сентября 2022, 11:28
Донбассы, Запорожьяйы æмæ Херсоны облæсты цæрджытæн Дзæуджыхъæуы куыста хъæлæс кæныны хайад

Уыцы территориты цæрджыты хыгъдæй конд къамистæ æвзарæн къамисты уæнгтимæ хъæлæс кæныны процесс сæххæст кодтой, адæмы рæстæгмæ цæрыны пункттæм дæр

Донецкы æмæ Луганскы адæмон республикæтæ, Запорожьейы æмæ Херсоны облæсттæ цæмæй Уæрæсейы Федерацийы хыгъдмæ бацæуой, уый тыххæй референдум цыд 4 боны дæргъы. Схъæлæс кæныны фадат уыд, уыцы территоритæй Цæгат Ирыстоны рæстæгмæ чи æрбынат кодта, уыдонæн дæр. Ацы хъуыддаг куыд æххæстгонд æрцыд, уый тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Уæрæсейы Федерацийы хыгъдмæ бацæуыны тыххæй референдум Донецкы æмæ Луганскы адæмон республикæты цæрджытæн у, рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, ахæм цау. Фæстаг 8 азы æрвылбон дæр сын у рысты æмæ хъизæмæртты нысан. Наталья Самойлова Ирыстонмæ ссыд 9-æм мартъийы. Сылгоймаг куыд загъта, афтæмæй бирæ рæстæг æнхъæлмæ кастысты, Уæрæсе сæ йæхимæ цæмæй райса, уымæ.

Донбассы, Запорожьейы æмæ Херсоны облæсты цæрджытæн схъæлæс кæныны фадат уыд, Дзæуджыхъæуы дæр, адæмон сфæлдыстады хæдзар «Металлург»-ы. Уыцы территориты цæрджыты хыгъдæй конд къамистæ æвзарæн къамисты уæнгтимæ хъæлæс кæныны процесс сæххæст кодтой, адæмы рæстæгмæ цæрыны пункттæм дæр. Æдас ран уæвгæйæ дæр, адæм, раздæрау, тæрсынц. Ацы хатт, мæт кæнынц, сæ райгуырæн зæххыл чи баззад, уыцы хæстæджыты хъысмæтыл. Уымæ гæсгæ, хъæлæс кæнынмæ чи æрбацыд, уыдонæй бирæтæ видеокамерæтæй сæхи æмбæхстой. Фæлæ ис, тæссаг кæмæн нал у, ахæмтæ дæр.

Цæгат Ирыстоны Донецкы æмæ Луганскы адæмон республикæтæй, Запорожьейы æмæ Херсоны облæсттæй цы æвзарджытæ ис, уыдонæн сарæзтой сусæг хуызы схъæлæс кæныны фадæттæ.

Референдум цыд 23-æй-27-æм сентябрьмæ. Хъæлæс кæныны фарстаты фæдыл куыста сæрмагонд телефон. 4 бонмæ информацион æххуыс райстой 250 адæймагæй фылдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania