филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:20 суббота, 28 сентября 2024
27 мая 2020, 16:59
Дондзæуæн системæ рацаразыны тыххæй куыстытæ цæуынц Джызæлы

Ам хæтæлты 10 км фылдæр хъуамæ ивд æрцæуой ногæй.

Дондзæуæн системæ рацаразыны тыххæй куыстытæ уыцы-иу рæстæг цæуынц республикæйы цалдæр раны. Тынгдæр æркæсинаг сты Джызæлы дондзæуæнтæ. Ам хæтæлты 10 км фылдæр хъуамæ ивд æрцæуой ногæй. Республикæйы æххæстгонд цæуы федералон программæ «Хъæуты территориты райрæзт».

Джызæлы цæрджыты доны фарста рагæй тыхсын кæны, ранæй рæтты хæтæлтæ ныззауат сты æмæ аскъуыдтæ.  Афтæ  Первомайскæйы уынджы цымаратæ арæх сывзæры. Фæлæ тагъд рæстæджы ам дондзæуæн хæтæлы километр æмæ æрдæджы уаццаг ивд æрцæудзæн

Доны хæтæлтæ ивд æрцæудзысты Джызылы æппæт уынгты. Подрядон организаци сæ адих кодта хæйттыл. Фыццаг уал бакуысдзысты фарста цæхгæр кæм лæууы, уыцы уынгты. Фæлæ зæрдæ æвæрынц æппæт куыстытæ кæй фæуыдзысты сæрды кæронмæ. 

Доныхæтæлтæ ивыны куыст цæуы федералон программæ «Хъæуты территориты райрæзт»-ы архайыны руадджы . Ныртæккæ йæ æххæст кæнынц Горæтгæрон æмæ Æрыдоны районты. Ацы программæйы республикæ æдзухдæр архайы, фæлæ хъæууон хæдзарады æмæ промышленносты министр куыд зæгъы, афтæмæй ацы аз Цæгат Ирыстонæн радих кодтой стыр фæрæзтæ, уыдон бакусын хъæудзæн 2 азы æмгъуыдмæ. 

Цæмæй адæм хъæутæм здæхой, уый тыххæй «Хъæуты территрориты райрæзтæй» фæстæмæ ма республикæ архайы æндæр программæты дæр. Баст сты медицинæ æмæ ахуырадон бæстыхæйтты цалцæг æмæ арæзтадимæ, æрдзон гадз бауадзы æмæ æндæр, адæмы цардыл чи ахады, ахæм куыстытимæ. Бахастой сæм 30 хъæуæй фылдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania