филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:54 суббота, 06 июля 2024
05 апреля 2022, 13:13
Донецкæй æмæ Луганскæй æрлидзæг адæмæн цæуы алывæрсыг æххуыс нæ республикæйы

Куыд ма хъуысын кодтам, афтæмæй сæ санаториты зæрдиагæй суазæг кодтой

Донецкæй æмæ Луганскæй æрлидзæг адæмæн цæуы алывæрсыг æххуыс нæ республикæйы. Куыд ма хъуысын кодтам, афтæмæй сæ санаториты зæрдиагæй суазæг кодтой. Уымæй дарддæр ма скъоладзаутæн Дзæуджыхъæуы фабрик «Одеждæ» бахуыдта уæлæдарæс. Куыстуаты директор загъта, фæллойгæнджыты сæхи кæй бафæндыд се ххуысы хай бахæссын. Гуытъиаты Алинæ радзурдзæн бæлвырддæр.

Андрей Чащевойæн ахæм костюм никуыма уыдис, абон æй фыццаг хатт абарста. Куыд зæгъы, афтæмæй Ясиноватаяйы скъолайы формæмæ карз домæнтæ нæ уыд. Скъоладзауты бон уыдис дарын цыфæнды уæлæдарæс, цæмæй бахъуыды заман сæ бон бомбæтæй æнцонæй бамбæхсæн уа, уый тыххæй. Ног формæйы лæппу йæхи æнкъары хорз æмæ уæнгрогæй.

Иннæ кабинкæйы ног уæлæдарæс бары æхсæзæмкъласон Диана Лусаченко. Къаба йыл сбадтис иттæг хорз, хъæуы ма йæ æрмæстдæр хæдон равзарын. Пъартфел та Дианæ æрбаласта хæдзарæй. Фыссæнгæрзтæ сын радтой Санаторий Тæмисчъы.

Уæлæдарæс бахуыдтой 12 лæппуйы æмæ дæс чызгæн. Хуыйджытæ цæттæ сты, бæлвырд адæймаджы домæнтæм гæсгæ формæ фæкъаддæр кæнæ фæуæрæхдæр кæнынмæ. Сывæллæтты æхсæн ис куыд фыццæгæмкъласонтæ, афтæ рауагъдонтæ дæр. Ахуыр кæнын райдыдтой мартъийы. Фыссæнгæрзтæ сын радтой Тæмисчъы, уæлæдарæс та сын бахуыдтой Дзæуджыхъæуккаг фабрик «Одеждæйы». Куыстуаты директор Бирæгъты Юрий куыд зæгъы, афтæмæй фæллойгæнджыты сæхи бафæндыд се ххуысы хай бахæссын.

Æхсæнадон палатæйы секретарь Нинæ Чиплакова куыд зæгъы, афтæмæй сывæллæттæн фыццаджыдæр хъæуы баххуыс кæнын скъолаты сæхи æрæмбарынмæ, ахуырадон программæ баййафынмæ.

Уый размæ та фабрикæ «Одеждæйы» кусджытæ Донбассæй чи ралыгъд, ахæм фæндзай авд сывæллонæн бахуыдтой уæлæдарæс.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania