Æрдзон фыдбылызтæй бахъахъхъæныны тыххæй Цæгат Ирыстоны æнæрлæугæйæ цæуыннц доныбылгæрæттæ фидаргæнæн куыстытæ
Донивылдтыты сезонмæ бирæ рæстæг нал баззад. Æрдзон фыдбылызтæй бахъахъхъæныны тыххæй Цæгат Ирыстоны æнæрлæугæйæ цæуыннц доныбылгæрæттæ фидаргæнæн куыстытæ. Мадзæлттæ æххæстгонд цæуынц комплексы хуызы. Ивынц бетонæй конд æрмæджытæ, сыгъдæг кæнынц донвæдтæ. Республикæ æрдзон фыдбылызтæм куыд цæттæ у, уый тыххæй радзурдзæн Тъехты Элинæ.
Беслæны цæугæдоны былтæ бындуронæй фидар кæнынц 2022-æм азæй фæстæмæ. Кусджытæ ныридæгæн скодтой дамбæйы бындур. Ацы фæз у иу мин 3 сæдæ метрæй фылдæр. Пъланмæ гæсгæ куыстытæ хъуамæ фæуой 2024-æм азы, мартъийы.
Республикæйы цæугæдæтты æмвæзад фæфылдæр вæййы майы райдайæны æмæ ахæссы августмæ. Æнæнхъæлæджы цауты министрады рабæрæг кодтой æппæтæй тæссагдæр бынæттæ. Ведомствæты хсæн скодтой комплексон куыст.
Цæугæдæтты æмвæзад куы фæфылдæр вæййы, цæмæй, уыцы цаутæм цæттæ уой, уый тыххæй мадзæлттæ фæаразынц æнæхъæн афæдз.
Цæугæдæттæ фидаргæнæн арæзтæдтæй бирæтæ сты Советон Цæдисы заманæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, зæронд кæй сты, уымæ гæсгæ сты тæссаг уавæры. 2013-æм азæй Цæгат Ирыстоны бындурон цалцæг кæнынц цæугæдæттæ цæмæй ныффидар кæнынц, уыдон.




