04 апреля 2025, 10:45
Донорты акци арæзт æрцыд республикæйы тугдæттæн станцæйы
Йæ саразыныл бакуыста Æппæтуæрæсеон æхсæнадон организаци «Æнæниз Фыдыбæстæ»
Донорты акци арæзт æрцыд республикæйы тугдæттæн станцæйы. Йæ саразыныл бакуыста Æппæтуæрæсеон æхсæнадон организаци «Æнæниз Фыдыбæстæ». Тæккæ райсомæй адæм цыдысты туг раттынмæ, æмæ афтæмæй ахадгæ æххуыс бакæнынмæ. Уыимæ цыдысты куыд фæлтæрдджын донортæ, афтæ фыццаг хатт чи сфæнд кодта, ахæмтæ дæр. Алчи дæр æй æмбары, куыд ахсджиаг у ахæм хæрзаудæн акциты архайын, уый.
