филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:30 суббота, 31 января 2026
14 октября 2025, 11:33
Доны куыстуат скусын кодта хъармæй ифтонг кæныны центрон системæ

Знон изæры 18 сахаты хъарм радтой се ппæт хæдзæрттæм дæр

Доны куыстуат скусын кодта хъармæй ифтонг кæныны центрон системæ. Знон изæры 18 сахаты хъарм радтой се ппæт хæдзæрттæм дæр. Уый тыххæй цæрæнуæтты-коммуналон хæдзарады артаг æмæ энергетикæйы министр Хъараты Тимур фехъусын кодта аппаратон æмбырды. Æрдзырдтой иуæй-иу бирæфатерон хæдзæрттæм цæттæдзинады акттæ кæй нæй, ууыл дæр. Сергей Меняйло районты разамонджытæм фæсидт, цæмæй лыггæнинаг фарстаты тыххæй хъусын кæной афоныл. Афтæ, республикæйы Сæргълæууæг Хæзныдоны цæрджытæй райста курдиат амбулаторийы уавæрмæ æркæсыны тыххæй. Сæ ныхæстæм гæсгæ æрцыди заууатмæ. Сергей Меняйло профилон ведомствæтæн бахæс кодта, цыбыр æмгъуыдмæ амбулаторийы бындурон цалцæгы, кæнæ та ног объект саразыны фарстайыл бакусын. Дзæуджыхъæуы бынæттон администрацийы сæргълæууæг Милдзыхты Вячеслав загъта, 20 уæлæмхасæн трамвайы линимæ сæ бон рауадзын нæу, дæлстанцæты уавæры тыххæй. Республикæйы разамонæг уый тыххæй дæр радта бæлвырд хæстæ. Æрæфы районы центрон рынчындоны 6 дохтыры æмæ 2 медицинон хойы кæй нæ фаг кæны, уыцы фарстайыл та æнæниздзинадхъахъхъæнынады министр хъуамæ бакуса къуырийы æмгъуыдмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania