11 февраля 2013, 11:18
Доны станцæйы та æрдз хъахъхъæныны комитеты уæнгтæ сарæзтой сыгъдæгдзинады акци
Фæнды сæ, æрдз бахъахъхъæнын куыд ахсджиаг у æмæ йæм цы цæстæй кæсын хъæуы, уый кæстæртæн бацамонын.
Фæнды сæ, æрдз бахъахъхъæнын куыд ахсджиаг у æмæ йæм цы цæстæй кæсын хъæуы, уый кæстæртæн бацамонын.
Авджы сæстытæ, тамакоты къоппытæ, къафетты цъæрттæ, пакеттæ, пластик – доны станцæйы фæзуат алыхуызон быронæй нал зыны. Хъарм рæстæг та уæлдай тынгдæр разынынц æмæ йæ æвидауц кæнынц.
Ардæм æрвылбон сæ фæллад уадзынмæ æрбацæуынц бирæ адæм. Бирæтæ сæ сывæллæттимæ. Æмæ цæуыл хъуамæ сахуыр уой кæстæртæ? Уыцы фарстайыл хъуыды кæнгæйæ, æрдз хъахъхъæныны комитет сиды Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы цæрджытæм цæмæй æрдзмæ, уæлдайдæр та фæлладуадзæн бынæтты сæхи куыд æмбæлы, афтæ дарой, сæ фæстæ æфснайой æмæ ууыл ахуыр кæной кæстæрты дæр.
темæмæ гæсгæ




