17 ноября 2022, 11:22
Доны станцæйы райдыдта стыр рацарæзт
Ацы фæлладуадзæн зонæ саив кæнынæн республикæ райста бюджетон кредитон
Доны станцæйы райдыдта стыр рацарæзт. Ацы фæлладуадзæн зонæ саив кæнынæн республикæ райста бюджетон кредитон. Аивдзысты дзы фæндæгты уæлцъар, ссыгъдæг кæндзысты цадтæ, сæвæрдзысты ног шлюзтæ æмæ рухсгæнæнтæ. Уымæй уæлдай, бакусдзысты цъæхфæлысты æмæ доныбылгæрæттæ фидар кæныныл. Уыдон сты фыццаградон куыстытæ. Доны станцæйы ма фæзындзысты социалон инфраструктурæйы объекттæ дæр: спортивон фæзтæ, къахвæндæгтæ æмæ велосипедтыл тезгъо кæнæн бынæттæ. Нысанты ма ис, афæдзы дæргъы чи кусдзæн, ахæм аквапарк саразын дæр. Фæзындзысты дзы ресторантæ, кафетæ æмæ фысымуат. Доны станцæйы территоримæ бацæуæн раздæрау уыдзæни лæвар.
темæмæ гæсгæ




