филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:40 воскресенье, 29 сентября 2024
17 января 2013, 17:21
Доныскъæфæнты рæстæг æдасдзинады домæнтæ æххæст кæныныл ныхас цыд республикæйы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады

Доныскъæфæнтæ сбæрæг кæнынæн республикæйы арæзт æрцæудзæн сæрмагонд бынæттæ.

Доныскъæфæнтæ сбæрæг кæнынæн республикæйы арæзт æрцæудзæн сæрмагонд бынæттæ. Дзæуджыхъæуы Терчы Кировы хиды цур, Фыййагдоны нæлгоймæгты, стæй Алагиры сылгоймæты моладзандонты æмæ Мæздæджы районы станица ЛУковскаяйы. Ирвæзынгæнджытимæ иумæ бынæтты рад хæсдзысты зынгхуыссынгæнджытæ дæр. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ аргъуыды архайдзысты 10 мин адæймаджы бæрц. Уымæ гæсгæ министрады кусджытæ республикæйы цæрджытæм сидынц, цæмæй æххæст кæной æдасдзинады домæнтæ, нозтджынæй ма цæуой донмæ.
Хæуытаты Георгий, Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министрады цæгатирыстоæнаг хайады хæдивæг: «Мах æрздыгæй та цæмæй адæм хъахъхъæд уой æвирхъау хабарæй, уый тыххæй алы ран дæр мах адæм уыдзысты æмæ хъахъхъæндзысты, цæмæй мацы фыдбылыздзинад æрцæуа, уый тыххæй. Найæн рæттæ махæн уыдзæнис 4 раны. Фыййаджы доны, Уæлладжыры, Дзæуджыхъæуы æмæ Мæздæджы. Æмæ уыцы рæтты кусдзысты нæ адæм, цæмæй бахъæхъхъæной цæрджыты æвирхъау хабарæй. Уыцы 4 ранмæ куыд цæуой адæм, æндæр рæттæм куыд нæ цæуой. Уымæн æмæ нæ бон уый бæрц кусджытæ сæвæрын нæ уыдзæнис, æмæ æндæр ранмæ донмæ куыд нæ цæуой, уымæн æмæ сæ бахъахъхъæнын уыдзæн зын».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania