Хæтæлдоны цæугæдоны былгæрæттæ сфидар кодтой дамбæйæ.
Донывылдтытæй бахъахъхъæныны тыххæй нæ республикæйы цæуы стыр æмæ ахадгæ куыст. Хæтæлдоны цæугæдоны былгæрæттæ сфидар кодтой дамбæйæ. Ахæм фæлтæрддзинадæй спайда кодтой иннæ цæугæдæтты дæр. Ныртæккæ куыстытæ цæуынц Суададжы, Æрыдоны æмæ Кировыхъæуы. Ацы куыстытæн нæ республикæйы экологи æмæ æрдзон æвæрæнты министрад балхæдта сæрмагонд техникæ.
Бирæ азты дæргъы-иу Хæтæлдоны цæугæдон донивылдтыты рæстæг йæ былтæй ракалди. Дон-иу бакалди хæдзæрттæм, цæхæрадæттæм æмæ хи чысыл хъæууонхæдзарадон куыстуæттæм. Бынæттон цæрджытæ бирæ хæттыты куырдтой, цæмæй сæ ацы æрдзон фæзындæй бахъахъхъæной. Уымæ гæсгæ ам фарон фæзынд дамбæ.
Ныртæккæ Хæтæлдоны цæугæдоны былгæрæттæ хъахъхъæд сты дамбæйæ. Се хсæн ис иу километр. Æнтыстджын фæлтæрддзинадæй спайда кодтой иннæ цæугæдæтты дæр. Зæгъæм, Суададжы ныртæккæ сæ тæмæны сты дамбæ аразæн куыстытæ. Сыгъдæг дзы кæнынц донвæд æмæ фидардæр кæнынц йæ былгæрæттæ. Йæ кæрæтты та экскаваторæй калынц зæхх. Цæугæдоны æмвæзад куы фæбæрзонддæр уа, уæд ын йæ былтæй акæлæн нæ уыдзæн. Уæвгæ, Суададжы доны хуыз тæссаг не схондзынæ. Фæлæ сæрды кæронмæ цъититæ тайын куы райдайынц, уæд цæугæдон бирæ зындзинæдтæ сæвзæрын кæны.
Ацы куыстытæн нæ республикæйы экологи æмæ æрдзон æвæрæнты министрад балхæдта сæрмагонд техникæ. Ныридæгæн куыстытæ фесты Хохы Карцайы, Майрæмададжы æмæ Санибайы. Былгæрæттæ фидаргæнæн кусæнгæрзтæ æвæрд цæуынц Æрыдоны æмæ Кировыхъæуы дæр.




