филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:19 вторник, 16 декабря 2025
28 января 2013, 11:43
ДОСААФ-ы аэродромы цыртдзæвæн байгом кодтой Ирыстоны фыццаг тæхæг Артур Кацианæн

ДОСААФ-ы аэродромы цыртдзæвæн байгом кодтой Ирыстоны фыццаг тæхæг Артур Кацианæн. 1911-æм азы 4-æм сентябры Ирыстоны сæрмæ фæзынд фыццаг хæдтæхæг. Арвмæ стахт Мюнхены нывкæнынады академийы рауагъдон дзæуджыхъæуккаг Артур Кациан.

ДОСААФ-ы аэродромы цыртдзæвæн байгом кодтой Ирыстоны фыццаг тæхæг Артур Кацианæн. 1911-æм азы 4-æм сентябры Ирыстоны сæрмæ фæзынд фыццаг хæдтæхæг. Арвмæ стахт Мюнхены нывкæнынады академийы рауагъдон дзæуджыхъæуккаг Артур Кациан. Ацы дæсныйадмæ йе ргом аздæхта Германийы, уым райста тæхæджы æвдисæндар. Петербурджы не мзæххон куыста авиацион заводы. Архайдта фыццаг дунеон хæсты, æмæ хорзæхгонд æрцыд Георгийы номыл дыууæ орденæй. Артур Кациан нымад у Сомихы фыццаг тæхæгыл дæр. Йæ цыртдзæвæн байгом кæнынмæ æрбацыдысты ветеранты Советы æмæ Дзæуджыхъæуы администрацийы минæвæрттæ, студенттæ æмæ скъоладзаутæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania