25 февраля 2014, 11:15
ДОСААФ-ы Цæгат Ирыстоны хайады уыд Советон Цæдисы хъæбатыр Тогызты Хъауырбеджы номыл турнир пейнтболæй
Архайдтой дзы Дзæуджыхъæуы, Æрыдоны æмæ Беслæны ДОСААФ-ы курсанттæ. Æдæппæтæй уыдысты 60-йы бæрц. Сæ арæхстдзинад æвдыстой дамбацайæ мысан æхсынæй æмæ
Архайдтой дзы Дзæуджыхъæуы, Æрыдоны æмæ Беслæны ДОСААФ-ы курсанттæ. Æдæппæтæй уыдысты 60-йы бæрц. Сæ арæхстдзинад æвдыстой дамбацайæ мысан æхсынæй æмæ цæлхдуртимæ трассæйы сæрты хизынæй.
ДОСААФ-ы кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй ахæм турнирты фæсивæд райсынц тактикон зонындзинæдтæ, фæхуыздæр кæнынц сæ арæхстдзинад хæцæнгарзы алы хуызтæй æхсынæй, базонынц, æфсæддон къордты сæхи куыд дарын хъæуы, уый.
Уымæй уæлдай ма ахæм ерысты фæсивæды хорз цæттæ кæнынц æфсадмæ.
темæмæ гæсгæ




