филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:44 вторник, 17 марта 2026
14 февраля 2026, 09:45
Дреты Будулайы хонынц ирвæзынгæнæг йæ зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ

Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады сæрмагонд-зынгхуыссынгæнæн хайы мастер службæйы ис ныр 17 азы

Дреты Будулайы хонынц ирвæзынгæнæг йæ зæрдæйы фæндонмæ гæсгæ. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады сæрмагонд-зынгхуыссынгæнæн хайы мастер службæйы ис ныр 17 азы. Уыцы рæстæгмæ бирæ хæттыты æвдыста, адæмы ирвæзын кæнын ын хуымæтæг куыст нæу, фæлæ царды нысан. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Ахæм æркастæй Дреты Будулай райдайы йæ алы рад дæр. Аварион-ирвæзынгæнæн машинæ алывæрсыгæй ифтонг у, уымæн æмæ æнæнхъæлæджы цаумæ рацæугæйæ цы бахъæудзæн, уый рагагъоммæ бæлвырд зонæн нæ вæййы. Уавæртæ та вæййынц алыхуызон: стыр зынгсирвæзтытæй æмæ фæндаггон фыдбылызтæй фатеры гуыдыр байгом кæныны онг, хатгай та адæймаджы аирвæзын кæнынæн фæхъæуы æрдзытыхы ныхмæ æрлæууын. Афтæ уыд ивгъуыд азы уалдзæджы Будулайы царды. Уæд ирвæзынгæнæджы æххуыс бахъуыд æрыгон лæппуйы. Джызæлдоны дамбæмæ хæстæг фæцæйныгъуылд. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусæджы фæрцы алцыдæр хорз ахицæн.

Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады 17 азы куыстмæ Дреты Будулай адæмæн алы уавæрты æххуыс кодта. Уыимæ æрмæст службæйы рæстæг нæ, фæлæ æрвылбон царды дæр. Æмæ уый цавæрдæр сгуыхтдзинадыл нæ нымайы.

Будулай дæсныйад равзæрста йæ зæрдæйы сидтмæ гæсгæ. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрадмæ бахауд æфсады фæстæ. Ирвæзынгæнæг уæвын ын у царды нысан. Афтæ хъуыды кæнынц йе мкусджытæ дæр.

Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады фыццаг 9 азы Будулай куыста спортивон ротæйы. Йæхи дзы æнтыстджынæй равдыста. Уый фæстæ рахызт аварион-ирвæзынгæнæн автомобильмæ æмæ райдыдта рад хæссын. Йæ ныхæстæм гæсгæ, куысты арæх æмбæлынц тæссаг уавæртимæ. Æмæ, нæй зæгъын, ууыл нæ мæт кæнынц. Фæлæ сын сæйрагдæр кæддæриддæр у адæмæн пайда æрхæссын.

Ирвæзынгæнджытæ æрбацæуынц æххуысмæ, вæййынц тæссаг уавæрты æмæ равдисынц сгуыхтдзинад.  Дреты Будулайы хуызæн адæмæн уый хъæбатырдзинад нæу, – æрвылбоны хъуыддаг. Æмæ йæ æххæст кæнынц хæрзиуджыты тыххæй нæ, фæлæ уымæн æмæ сæ бон æндæрхуызон нæу.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania