филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:12 пятница, 25 июля 2025
30 июня 2025, 10:35
Дриаты Мараты 26 азы цæуы, афтæмæй сси скъолаты æппæтæй æрыгондæр директор

Уый та нысан кæны ног цæстæнгас куыстмæ

Æрыгон разамонæг. 26 азы йеддæмæ йыл нæма цæуы, афтæмæй сси скъолаты æппæтæй æрыгондæр директор. Уый та нысан кæны ног цæстæнгас куыстмæ. Райдыдта системæ ивын. Дриаты Мараты истори дзурæг у, æрыгон педагогтæ æцæг лидертæ куыд свæййынц, ууыл. Ног цæстæнгас æм ис коллективимæ куыстмæ, стæй ахуырады фарстатæм дæр. Суанг ма скъолайы бындурон цалцæгмæ дæр æндæрхуызон кæсы. Куыд архайы æрыгон разамонæг, уый тыххæй радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Цалынмæ иутæ дæсныйады фыццаг къахдзæфтæ кæнынц, уæдмæ Дриаты Марат аразы æнæхъæн системæ. Куыд зæгъы, афтæмæй 26 азы дыл куы цæуа, уæд директор уæвын æнцон нæу. Алы бон дæр хъæуы лыг кæнын дæсгай фарстатæ, скъолайыл дзуапп дæттын. Ахуырдзаутимæ дзуры иу æвзагыл, зоны, коллективимæ ныхас кæнын æмæ нæ тæрсы ногдзинæдтæй.

Йæ профессионалон фæндаг райдыдта Беслæны йæ уарзон 5-æм скъолайы. Æрыздæхт, йæхæдæг кæддæр партæйы уæлхъус кæм бадтис, уырдæм. Уый фæстæ уыд Мæздæг. 3 азы куыста 108-æм скъолайы программæ «Земский учитель»-мæ гæсгæ. Дзæуджыхъæуы скъолайы сæргъы æрлæууын – ног фæлварæн. Йæ ныфс æм алчи нæ бахæсдзæн. Марат бахаста. Ахуыргæнæндоны сындæггай фæзынд æрмæст ног технологитæ нæ, фæлæ ахуыры ног методтæ дæр.

Ног бынаты куыст райдыдта арæзтадон хæстæ æххæст кæнынæй. Скъолайы директоры профессионалон кейс фæхъæздыгдæр æрмæст педагогон фарстатæй нæ. Йæ фыццаг кусæн къуыритæ баст уыдысты сметæтимæ, фæтктимæ æмæ арæзтадон æрмæджытимæ. Дриаты Марат Дзæуджыхъæуы 25-æм скъолайы сæргъы æрлæууыд бындурон цалцæджы къæпхæныл.

Афæдз директоры бынаты уæвгæйæ физикæйы ахуыргæнæгæн фæзынд командæгæнæн хъæлæс, фæлæ дзы фæпайда кæны стæм хатт. Æрыгон разамонæджы æмкусджытæ уайтагъд бауарзтой.

Абон Цæгат Ирыстоны ахуырад стыр æргом здахы æрыгон педагогтæм. Йæхимæ бæрнондзинад исын чи нæ тæрсы, уыдонмæ. Дриаты Марат у, æрыгондзинадæн æмæ фæлтæрддзинадæн сæ бон, ногдзинæдты дуæрттæ гом кæныны тых суæвын кæй у, уый дæнцæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania