филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:09 вторник, 16 декабря 2025
08 ноября 2025, 10:08
Дунейы чемпионаты æвзист призер тхэквондойæ Гуырцъыты Георгийыл сæмбæлдысты аэропорт «Дзæуджыхъæу»-ы

Спортсменæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты физкультурæ æмæ спорты министры хæдивæг Хуадонты Артур, тхэквондойы скъолайы разамынд æмæ тренертæ, йæ хиуæттæ æмæ хæстæджытæ

Дунейы чемпионаты æвзист призер тхэквондойæ Гуырцъыты Георгийыл сæмбæлдысты аэропорт «Дзæуджыхъæу»-ы.  Спортсменæн раарфæ кæнынмæ æрбацыдысты физкультурæ æмæ спорты министры хæдивæг Хуадонты Артур, тхэквондойы скъолайы разамынд æмæ тренертæ, йæ хиуæттæ æмæ хæстæджытæ. Сæмбæлдысты йыл традицимæ гæсгæ 3 кæрдзынимæ. Китайы ерысты Гуырцъыты Георгий уыд Белоруссийы иугонд командæйы хыгъды. Дунейы чемпионатты дыккаг хатт рамбылдта æвзист майдан. Спортсмен йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй фæллад уадзынмæ йын рæстæг нæй. Цæттæ кæнын хъæуы радон ерыстæм – Европæйы чемпионатмæ олимпаг уæзы категоритæм гæсгæ. Уыдзæн Швейцарийы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, йæ размæ æвæры нысан – сыгъзæрин майдан рамбулын. Гуырцъыты Георгий у тхэквондойы ирон скъолайы хъомылгæнинаг. Абон æвзонг спортсментæн у дæнцæг.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania