филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:04 суббота, 21 сентября 2024
28 июля 2014, 17:10
Дунейы пысылмæттæ абон бæрæг кæнынц Ураза-Байрам

Уый у пысылмон дины сæйрагдæр бæрæгбæттæй иу. Æнæхъæн мæй ком чи дардта, уыцы уырнæг адæм суагътой сæ ком. Ураза-Байрам ахæссы 3 боны. Адæм бæрæгбоныл сæмбæлынц сыгъдæг зæрдæимæ, æмæ сыгъдæг хъуыдытимæ

46407
Дунейы пысылмæттæ абон бæрæг кæнынц Ураза-Байрам. Уый у пысылмон дины сæйрагдæр бæрæгбæттæй иу. Æнæхъæн мæй ком чи дардта, уыцы уырнæг адæм суагътой сæ ком. Ураза-Байрам ахæссы 3 боны. Адæм бæрæгбоныл сæмбæлынц сыгъдæг зæрдæимæ, æмæ сыгъдæг хъуыдытимæ. Стыр Хуыцаумæ кувынц æмæ дзы курынц хатыр. Уразайы рæстæг æгъдаумæ гæсгæ адæм кæрæдзимæ цæуынц уазæгуаты, бæрæг кæнынц рынчынты, æххуыс кæнынц фæкæсынхъуаг бинонтæн. Абон æппæт пысылмон æхсæнадты дæр ацыдысты бæрæгбоны намазтæ. Кувæг адæмæн бæрæгбоны арфæтæ ракодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Мамсыраты Таймураз. Йæ зæрдæ сын загъта æнæниздзинад, алкæйы бинонтæн дæр сабырдзинад æмæ арфæйаг хъуыддæгтæ. 
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania