филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

10:00 понедельник, 15 декабря 2025
06 мая 2014, 17:47
Дунеон автоэкспедици «Лермонтов. Кавказ» æрбахæццæ Дзæуджыхъæумæ

Пензæйы цæрджытæ 12 машинæйæ зилынц Лермонтовы номимæ баст бынæттыл. Зындгонд поэты мзæххонтæ бæрæг кæнынц йæ номыл цыртдзæвæнтæ, исынц сын сæ къамтæ. Уый фæстæ сæ фæнд кæнынц скæнын Лермонтовы монументы стыр каталог.

Автоэкспедицийы архайджытæ бабæрæг кодтой Лермонтовы цыртдзæвæн Дзæуджыхъæуы дæр. Куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй у тынг рæсугъд, иннæты хсæн бæрæг дары. Йæ автор Лермонтовы кæй уарзы æмæ йын аргъ кæй кæны, уый дæр ыл зыны.

Поэтмæ уарзондзинад баиу кодта автоэкспедицийы уæнгты дæр. Сæ нысан у бабæрæг кæнын Цæгат Кавказы, Азербайджаны, Гуырдзыстоны, Стъараполы æмæ Краснодары крайты 14 городы.

Машинæтыл дугъ цæуы Æппæтуæрæсеон географион æхсæнады æххуысæй.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania