филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:49 воскресенье, 01 февраля 2026
21 августа 2024, 11:08
Дур-Дурæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ цы 14 æмкъласоны ацыд, уыдоны номыл цыртдзæвæн баххæст кодтой мады скульптурæйæ

Уæвгæ йæ байгом кодтой 2020-æм азы. Йæ бындуры æвæрд ис стыр дур. Йæ фарсыл ын скъоладзаутæ, хæстмæ цæугæйæ, ныкъкъахыр кодтой сæ нæмттæ. 14 лæппуйæ 12 нал сыздæхтысты хæсты быдырæй. Уый уыди стыр зындзинад æнæхъæн хъæуæн дæр. Сæ нæмттæ бæззадысты нæ республикæйы историйы. Цыртдзæвæн байгом кæныны кадджын мадзалы архайдтой бынæттон цæрджытæ, лæппуты хæстæджытæ, хъæуы æмæ районы администрацийы кусджытæ. Уыдонимæ – не сфæлдыстадон къорд дæр. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

1942 аз. Дур-Дур. Хæст бахæццæ ацы чысыл хъæумæ дæр. 14 скъоладзауы, 18-гай азтæ дæр кæуыл нæма цыд, ахæмтæ ацыдысты Райгуырæн зæхх бахъахъхъæнынмæ. Уыдонæй фæстæмæ сыздæхтысты дыууæйæ. Иннæ 12 басыгъдысты хæсты цæхæры. Ельдзарты Солтанæн йæ хæстон фæндаг райдыдта æхсæн полкæй. Фæстæдæр бахауд уацары. Уыди Италийы. Уырдыгæй йын бантыст ралидзын. Бахауд бынæттон партизантæм æмæ семæ дарддæр хæцыд знаджы ныхмæ. 1945 азы майы, дунейы Уæлахизы бон куы бæрæг кодтой, уæд райхъуыст Солтаны сау хабар. Дард бæстæйы радта йæ цард сæрибардзинады сæрвæлтау. Бавæрдтой йæ горæт Ривæйы, куыд национ хъайтары, афтæ. Хæстæй нал ссыд Солтаны хистæр æфсымæр дæр.

Хæстмæ ацæуыны размæ скъоладзаутæ стыр дурыл ныкъкъахыр кодтой сæ нæмттæ. Уæды рæстæг уый æвæрд уыд Алардыйы кувæндоны фарсмæ. Лæппутæй иуы мады курдиатмæ гæсгæ дур бахастой йæ хæдзармæ хæстæгдæр бынатмæ. Сылгоймаг йæ царды фæстаг бонты онг æрхæндæг зæрдæйæ цыди уыцы ранмæ. Дур сси, 4 азы размæ цы монумент гом æрцыд, уый бындур. Ныр ын йæ фарсмæ сæвæрдтой мады скульптурæ.

Ацы хъæбатырдзинады цау, стыр хæзнайау, лæвæрд цæуы иу фæлтæрæй иннæмæ. Цыртдзæвæн та бынæттон цæрджытæн у райгуырæн зæхх хъахъхъæнджыты хъайтардзинадыл дзурæг. Дур-Дурæй хæстмæ ацыдысты 760-мæ хæстæг адæймаджы. Уыдонæй нал сыздæхт алы дыккаг дæр.

Лæппуты хæстæджытæ ныр дæр ма æрбацæуынц ацы дуры размæ. Бирæ рæстæг фæлæууынц йæ цуры, лæмбынæг фæкæсынц зонгæ нæмттæ. Фæмысынц хъæбатыр скъоладзауты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania