филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:12 суббота, 28 сентября 2024
15 июля 2020, 17:21
Дур-Дуры амбулаторийы кусын райдайдзæн дæндæгтæ дзæбæхгæнæн кабинет

Цæрджыты æндæр ранмæ цæуын нал хъæудзæн æххуысагур

Æмбæлгæ царды уавæртæм æмæ рæсугъд фидæнмæ бæлгæйæ сæ рæстæг æрвитынц Дур-Дуры цæрджытæ дæр. Æмæ фыдæнхъæл нæ фесты. Фæстаг рæстæг сæ хъæуы бирæ хорз хъуыддæгтæ конд æрцыд.

Фæстаг азты Цæгат Ирыстоны хъæутæй ивддзинæдтæ кæм не рцыд, ахæмтæ бирæ нæй. Республикæйы сæргълæууæг районты хъæутыл зилгæйæ базоны адæмы мæт æмæ сын сæ лыгганинаг фарстатæ раиртасыныл бакусы. Дур-Дуры хъæуы сæрдар Цагъаты Сосланы ныхæстæм гæсгæ, рагæй дæр сæ хъæумæ ахæм цæстæнгас нал уыд. 

Карантины фæстæ та ма, хъæуы цæрджытæм æнхъæлмæ кæсы ноджыдæр иу хорздзинад. Сæ амбулаторийы кусын райдайдзæн дæндæгтæ дзæбæхгæнæн кабинет.

Æмæ Дур-Дуры цæрджыты æндæр ранмæ цæуын нал хъæудзæн æххуысагур.

Уæдæ цард кæм цæуа, уым  лыггæнинаг фарстатæ алкæддæр уыдзæн. Ныр хъæуы цæрджытæ æнхъæлмæ кæсынц се скъолаты цалцæгмæ.

Ныртæккæ та ма тыхсынц бырттæласæн куыстуат йæ хæстæ афоныл кæй не ххæст кæны, уымæй. Цагъайы-фырты ныхæстæм гæсгæ, уый тыххæй сæвзæрынц,  кæм не мбæлы, уыцы ран бырондæдтæ æмæ сæ уæд йæхи хъарутæй бафснайынц.

Дур-Дур нымад у Ирыстоны хуыздæр хъæутæй иуыл. Ис дзы райдзаст Культурæйы галуан, кæсæндон, дыууæ скъолайы, сывæллæтты хæдзар «Надеждæ», амбулатори. Сæйрагдæр та сты сæ разагъды цæрджытæ. Уыдон нæ зивæг кæнынц сæ уарзон хъæуы рæсугъд фидæныл кусынмæ. 

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania