филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:17 суббота, 28 сентября 2024
13 мая 2020, 16:12
Дур-Дуры байгом кодтой, Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ барвæндонæй чи ацыд, уыдоны номыл цыртдзæвæн

Йæ бындур та арæзт у, хæсты размæ æвзонг лæппутæ сæ нæмттæ цы дурыл ныууагътой, уый

Дур-Дуры байгом кодтой, Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ барвæндонæй чи ацыд, уыдоны номыл цыртдзæвæн. Йæ бындур та арæзт у, хæсты размæ æвзонг лæппутæ сæ нæмттæ цы дурыл ныууагътой, уый.

Дур-Дуры хæстонтæн цыртдзæвæн кæй байгом кодтой, уый Тамара Бичашвилийæн у йæ царды ахсджиаг цау. Абон ын йæ  зæрдæйы тæгты ногæй бацагайдтой йе фсымæры мысинæгтæ. Ногæй та андзæвыд ивгъуыдыл, æрхаста йæ къух йе дзард æфсымæры номимæ фыст дурыл. 

Хæсты агъоммæ ам сæ къухфыст ныууагътой Дур-Дуры  сахъгуыртæ.   Ацы дуры историйы тыххæй, æбæрæгæй сæфт хъæбулмæ мад куыд æнхъæлмæ каст, уый тыххæй фыстой Советон цæдисы дзыллон информацион фæрæзты. Ацы бон  Бичиашвили Отары хæстæджытæ семæ æрбахастой газеттæй лыг уацтæ æмæ йæ фыстæджытæ.

Хæст куы райдыдта, уæд Дур-Дуры  æвзонг лæппуыйы сæ азтыл бафтаугæйæ  барвæндонæй ацыдысты фронтмæ.

Ацы дурыл кæй нæмттæ баззад, уыдонæй бирæтæн сæ хъысмæт бæлвырд нæу. Цæмæй сын сæ нæмттæ сæнусон кæной, уый тыххæй хъæппæрисджын къорд фæсидт Иугонд Уæрæсейы партийы регионалон хайадмæ, цæмæй æдзард хъæбултæ хæсты размæ сæ нæмттæ цы дурыл ныууагътой, уым саразой монумент

Мемориал зæрдыл лæууын кæндзæн хъæбатыр æмхъæуыккæгты, хæствæллад салдæтты æмæ уæззау азты тыххæй. Цæмæй кæстæртæ хъуыды кæной æмæ тырной сабыр цардмæ, цæмæй ныййарæг  йæ цæссыджыгæй мал æхса йæ фырты къахвæдтæ, цæмæй мады зæрдæ æнустæм уа хъæбулæфсæст

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania