филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:13 суббота, 28 сентября 2024
11 мая 2021, 14:01
Дур-Дуры фæуæрæхдæр кодтой Уæлахизы Парк, Тлийы та базылдысты æдзард хæстонты номыл цыртдзæвæнмæ

Кад æмæ радимæ нæ бæстæйы сбæрæг кодтой Стыр Уæлахизы 76 азы бон

Кад æмæ радимæ нæ бæстæйы сбæрæг кодтой Стыр Уæлахизы 76 азы бон. Йæ агъоммæ æмæ ныр дæр арæзт цæуынц алыхуызон мадзæлттæ. Зæгъæм Дур-Дуры сног кодтой æмæ фæуæрæхдæр кодтой Уæлахизы Парк. Уый уыд Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Цалиты Сафарбийы хъæппæрис, æмæ йæ къухы бафтыд. Алагиры районы хæххон хъæу Тлийы та базылдысты æдзард хæстонты номыл цыртдзæвæнмæ. Чи, æмæ куыд, уый тыххæй радзурдзæн Касаты Наирæ.

Дур-дуры Уæлахизы Парчы ма дыууæ азы размæ дæр уыди æрмæстдæр 357 туйæйы. Уал адæймаджы дзы нал сыздæхтысты фронтæй. Ныр та парк у, Фыдыбæстæйы Стыр хæстæй чи нал сыздæхт, уыцы æдзард салдатты тыххæй информацион стендтæ æмæ хуызистытимæ. Ис дзы хъæуæй рацæугæ Дзотты Лазары цыртдзæвæн дæр. Парк рацарæзтой æмæ йæ сног кодтой бирæ орденты æмæ майданты хицау, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Цалиты Сафарбийы хъæппæрисæй.

Парчы ног цыртдзæвæн. Сæвæрдтой дзы æцæг сармадзан. Сæрмагондæй йæ сластой Свердловскы облæстæй.

Бынæттон цæрджытæн у фæлладуадзæн бынат дæр. Адæмæн дзы сæвæрдтой бандæттæ. Ацы паркæн фæсивæды патриотон хъомылады ис стыр ахадындзинад.

Фыдыбæстæйы стыр хæстæй чи нал сыздæхт, уыдонæн хæххон хъæу Тлийы цыртдзæвæн сæвæрдтой 36 азы размæ. Се 35 мхъæуккаджы ном сæнусон кæныны тыххæй фидаргонд æрцыди бынæттон цæрджыты къухвæллойæ. Мемориалыл хъæбатырты мыггæгтæ фыст сты се ппæт дæр. Ис дзы иу мыггагæй цалдæргæйттæ дæр. Зæгъæм, Къадзатæй фронтмæ ацыдысты 14 адæймаджы, иу дæр дзы нал сыздæхт фæстæмæ. Цардæн аргъ нæй, мысинæгтæ та сты æнустæм. Алы аз дæр Уæлахизы боны агъоммæ Æппæтуæрæсеон адæмон фронты активисттæ æмæ парти «Иугонд Уæрæсе»-йы минæвæрттæ монументмæ базилынц, саив ын кæнынц йæ алыварс. Цыртдзæвæн æмæ йын йæ быру сахорынц, кæрдæг ныккæрдынц, ныссыгъдæг ын кæнынц йæ бацæуæн. Сæ ныхæстæм гæсгæ, ацы акциты сæйраг нысан у, хъæбатырты ном сæнусон кæнын.

Æхсæнады минæвæрттæ афæдзы размæ сфæнд кодтой цыртдзæвæны территоримæ базилын. Уæд сæ бахъыгдæрдта боныхъæд. Абон сæ хъуыддаг сæххæст кодтой, фæкасти сæм хъæуы разамынд дæр.

Бирæ куыст дзы кæй уыди, уый активистты нæ фæтæрсын кодта. Цалдæр сахатмæ куыстытæ сæххæст кодтой. 9-æм майы агъоммæ æхсæнады уæнгтæ базылдысты цалдæр цыртдзæвæнмæ æмæ мемориалон комплексмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania