Бæстыхайыл цæуы 44 азы
Владимир Путины амындмæ гæсгæ, хъæуккаг культурæйы хæдзæрттæ фæхуыздæр кæнынæн радих кæндзысты 24 миллиард сомы. Уыцы фæрæзтæй цæудзысты цалцæггæнæн куыстытæ, стæй дзы балхæндзысты ног кусæнгæрзтæ. Дур-Дуры паддзахадон программæмæ гæсгæ бынæттон культурæйы хæдзары ныртæккæ цæуы бындурон цалцæг. Бæстыхайыл цæуы 44 азы. Ахæм уавæры сты иннæ хъæуккаг клубтæ дæр. Гуытъиаты Алинæ ацы темæйыл бацæттæ кодта сюжет, æмæ йæм бакæсæм.
Уæдæй нырмæ бирæ рæстæг рацыд æмæ культурæйы хæдзар йæ æддаг бакаст баивта. Фæлæ Муриты Зауыр куыд зæгъы, афтæмæй кæд йæ хуыз баивта, уæддæр йæ комулæфт раздæрау зæрдæйæн зынаргъ у. Тагъд рæстæг Культурæйы Хæдзары æрцæудзысты ноджы хуыздæр ивддзинæдтæ — зæрдæ æвæры Дыгурон драмон театры артист æмæ уыцы иу рæстæг клубы директор. Культурæйы хæдзарæн йæ артдзæстыл нымад у актон зал. Уым æрцæудзысты сæйраг ивддзинæдтæ. Йæ бындур ын æнæхъæнæй систой æмæ дзы бетон куы ныккæной, уæд дзы сараздзысты ног сценæ, фидар нæзы хъæдæрмæгæй. Фæрæзтæ радих кодтой хъæуккаг территориты райрæзты программæ æххæсткæнгæйæ. Подрядон куыстуаты хорз ахастдзинады фæрцы та ивддзинæдтæ сметæйæ рахиздзысты æмæ фæбæрæг уыдзысты бæстыхайыл æнæхъæнæй.
Подрядон куыстуат баивта рудзгуытæ, тагъд рæстæг бавналдзысты дуæрттæм æмæ коммуникацитæм. Фæуæрæхдæр уыдзæнис библиотекæ дæр. Ивдзинæдтæ бандзæвдзысты алы кабинетыл дæр. Кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæ нæ фæндыдис бæстыхай гæбазгай цалцæг кæнын, уымæн æмæ йæ æмбарынц, клуб хъæуы уд кæй у, уый.
Цы куыст бакодтой, уый фæрцы байгом уыдзысты ног къордтæ. Уый размæ дзы уыдис ирон кафджыты къорд, музыкалон, вокалон æмæ хæрдгæбыды секцитæ. Ныр та ма сæм бафтаудзысты актеры дæсныйады æмæ доулийы къордтæ. Уыцы ногдзинæдтæм æнхъæлмæ кæсгæйæ, сывæллæттæ цингæнгæйæ бонтæ нымайынц.
Уыцы хабарыл зæрдæрухсæй сæмбæлдысты æрмæст скъоладзаутæ нæ, фæлæ хистæр кары адæм дæр. Саразынмæ сын хъавынц хъæбатырты зарæггæнджыты хор. Культурæйы хæдзар байгом уыдзæнис 1 сентябы, фæлæ кусджыты сæрæн архайды фæрцы гæнæн ис æмæ куыстытæ фæуой сæрды астæу. Ставддурты та сфæнд кодтой сæ зæронд клубы бæсты ног культурæйы хæдзар саразын.
Ног клубы залы уыдзæнис бынат дыууæсæдæ бынатæн. Ам иу цæудзысты репетицитæ дæр. Тагъд рæстæг дзы байгом уыдзысты сфæлдыстадон къордтæ æмæ музей дæр.




