филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:56 понедельник, 23 июня 2025
29 ноября 2013, 11:28
«Ды иунæг нæ дæ». Ахæм сæргондимæ хæрзаудæн концерт арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны академион театры

Йæ нысан уыд, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм сабитæ цы бирæсывæллонджын бинонты хъомыл кæнынц, уыдонæн баххуыс кæнын.

Йæ нысан уыд, йе нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм сабитæ цы бирæсывæллонджын бинонты хъомыл кæнынц, уыдонæн баххуыс кæнын.

Ирон театры æрæмбырд сты, искæй зындзинадмæ куыдфæндыйы цæстæй чи нæ кæсы, уыцы адæм. Хæрзаудæн концерт «Ды иунæг нæ дæ» арæзт æрцыд Уæрæсейы бирæсывæллонджын бинонты иугонды цæгатирыстойнаг хайады хъæппæрисæй. Бацæттæ йæ кодтой проект «Зæрдæйæ зæрдæмæ» æххæстгæнгæйæ.

Ахæм æххуыс райстой 10 бирæсывæллонджын бинонтæ. Се хсæн Æлбегатæ дæр. Светланæ куыд зæгъы, уымæ гæсгæ сын ахæм цæстдард тынг ахсджиаг у.

Акцийы архайдтой республикæйы зындгонд зарæггæнджытæ æмæ сфæлдыстадон къордтæ. Сæ аивадæй бахъæлдзæг кодтой, концертмæ чи æрбацыд, уыдоны. Мадзал саразджытæ куыд загътой, уымæ гæсгæ артисттæй алчидæр уайтагъд сразы ис концерты архайынмæ.

Концерт «Ды иунæг нæ дæ» у проект «Зæрдæйæ зæрдæмæ»-йы фыццаг къæпхæн. Уый æххæстгæнгæйæ ма республикæйы арæзт цæудзысты алыхуызон хæрзаудæн акцитæ, царды зын уавæры чи бахауд, уыцы бинонтæн баххуыс кæныны нысанимæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania