филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:45 воскресенье, 01 февраля 2026
08 августа 2019, 12:25
Дыгургомы национ парк «Алани»-йы кусын райдыдтой экологон къахвæндаг « Галдоридон»-ы æхсæрдзæнмæ

Экологон фæндаг æрдзы цыртдзæвæнмæ суыдзæн уникалон маршрут. Йæ дæргъ уыдзæн 4 километры.

Дыгургомы национ парк «Алани»-йы кусын райдыдтой экологон къахвæндаг « Галдоридон»-ы æхсæрдзæнмæ.

Экологон фæндаг æрдзы цыртдзæвæнмæ суыдзæн уникалон маршрут. Йæ дæргъ уыдзæн 4 километры. Сæвæрдзысты дзы 10 æрлæууæн бынаты æмæ арт-объекты. Сæ фæрцы туристтæ зонгæ кæндзысты бынæттон сырдтимæ æмæ цæрæгойтимæ, стæй Ирыстоны историон-культурон бынтимæ. Хохы ног æрдзон маршрутæй ма фæнд кæнынц адæмы ргом раздахын Кавказы раззагазиаг леопарды популяцийы программæмæ. Фæндаг суыдзæн экологон рухстауæн центр. Йæ фæрцы бынæттон цæрджытæ æмæ туристтæ фылдæр базондзысты программæйы тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania