Ацы хъуыддаг сæххæст кæнынæн, мит куы рауара, уымæ æнхъæлмæ кæсын нæ хъæуы
Дыгургомы цалдæр боны размæ байгом кодтой къахдзоныгътыл бырыны хæххон сезон. Ацы хъуыддаг сæххæст кæнынæн, мит куы рауара, уымæ æнхъæлмæ кæсын нæ хъæуы. Трассæтæ бацæттæ кæнынæн спайда кодтой, мит чи кæны, ахæм сармадзантæй. Бырынæн чи бæззы, ахæм уæлцъар цæмæй рауайа, уый тыххæй куыстой цалдæр къуырийы. Бæлвырддæр хабæрттæ нæ дарддæры æрмæджы.
Хæрдмæисæны раз сæмбырд бирæ адæм. Ам сты Уæрæсейы алы регионтæй туристтæ.
Ам бирæ сывæллæттæ ис, суанг ма хæрзчысыл сабитæ дæр. Уæрæх æмæ æдас трассæ хорз бæззы къахдзоныгътыл бырын ахуыр кæнынæн. Фæлтæрдджын инструктортæ лыжæтыл цалдæр сахатмæ слæууын кæнынц.
Гыццыл дарддæр та дзоныгътыл бырæн трассæ. Ам дæр алцыдæр конд у, æдасдзинады домæнтæ хынцгæйæ.
Фарон федералон программæйы фæрцы комы фыццаг хатт сæвæрдтой ног асфальт фæндаг. Курортмæ бахæццæ уæвын ныр у æнцондæр. Фæлæ дарддæр рæзынæн хъæуы паддзахадон æххуыс. Зæгъæм, ардæм нæма бауагътой газ, электрон хызты тых та нал фаг кæны.
Ацы трассæ у фыццаг къæпхæн. Хæстæгдæр рæстæг райдайдзысты иннæ хайы канатон фæндаг монтаж кæнын. Фидæны Дыгургомы хæххон трассæ Уæрæсейы суыдзæн æппæтæй даргъдæр – 9 километрæй фылдæр. Уæвгæ, ныридæгæн ацы комы алæмæты æрдз се ппæт туристты дæр дисы бафтаудзæн афæдзы цыфæнды афон дæр. Ис дзы бæхтыл абалц кæнын, хъæддаг сагтæн хæринаг раттын, дæсгай экологон къахвæндæгтыл æмæ маршруттыл æрзилын.




