филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:36 четверг, 14 августа 2025
19 мая 2014, 11:37
Дыгурон драмон театры уыд радон премьерæ. Аивадуарзджытæн бацæттæ кодтой спектакль «Амондма бæлджытæ»

Артисттæ сæ репертуармæ фыццаг хатт бахастой поэт-æмæ зарæггæнæг Къуымæриттаты Ирмæйы пьесæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй «Амондма бæлджыта» фыст у уарзондзинадыл.

Дыгурон драмон театры уыд радон премьерæ. Аивадуарзджытæн бацæттæ кодтой спектакль «Амондма бæлджытæ»
Артисттæ сæ репертуармæ фыццаг хатт бахастой поэт-æмæ зарæггæнæг Къуымæриттаты Ирмæйы пьесæ. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй «Амондма бæлджыта» фыст у уарзондзинадыл. Алы сурæт дæр райста цардæй. Театрмæ æрбацæужытæ та дзы, чи зоны, æмæ ссарой сæхи. Спектакль сæвæрыныл бакуыста режиссер Сечъынаты Элитæ. Куыд зæгъы, афтæмæй коллективæн фæцыд йæ зæрдæмæ. «Амондма бæлджытæн» театрдзаутæ дæр аккаг аргъ кæй скæндзысты, ууыл æууæндынц се ппæт дæр.

Сечъынаты Элитæ, РЦИ-Аланийы сгуыхт артисткæ, спектаклы режиссер: «Алы адæймаджы зæрдæмæ дæр фæцæудзæн. Уадиссагæй дзы ницы ис, мæнæ царды куыддæриддæр вæййы, афтæ у ацы спектакль дæр. Кæд Къуымæриттаты Ирмæ йæ фыццаг къахдзæфтæ кæны, уæддæр ын фæрæстмæ сты».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania