филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:34 пятница, 10 мая 2024
04 марта 2013, 11:25
Дыгурон драмон театры уыд спектакль «Ауызби»-йы премьерæ

Адæмы хуыздæр цардыл хъуыды кæнгæйæ, йæхиуыл чи нæ бацауæрста, сæ нæмттæ цæргæйæ кæмæн баззадысты, уыдоны хсæн сты Чермен, Хæсанæ, Хазби æмæ æндæртæ.

Адæмы хуыздæр цардыл хъуыды кæнгæйæ, йæхиуыл чи нæ бацауæрста, сæ нæмттæ цæргæйæ кæмæн баззадысты, уыдоны хсæн сты Чермен, Хæсанæ, Хазби æмæ æндæртæ.

Дыгургомы арæх фехъусæн ис Аузбийы кой. Дыгурон драмон театры режиссер Хъараты Алик сфæнд кодта сæвæрын спектакль Ауызбийы царды тыххæй. Йæ хъæбатырдзинад, йæ рæстдзинад æмæ йæ уарзондзинад систы спектаклы цымыдисагдæр сценæтæ.

Спектакль «Ауызби»-йы премьерæмæ æрбацыд бирæ адæм. Уыди дзы не сфæлдыстадон къорд дæр.

Залы къух бакæнæн нæ уыд. Алы кары адæм тагъд кодтой спектакль «Ауызби»-йы премьерæмæ. Уæвгæ алкæмæн дæр цымыдисаг уыд бакæсын Дыгургомы хъйтартæй иуы тыххæй спектакльмæ.

Æрыгон актер Хъараты Аланы рагæй фæндыд сценæйы нырыккон аивад æмæ рагон таурæгътæ баиу кæнын. Æмæ кæд зын хъуыддагыл нымад у, уæддæр йæ ныфс бахаста æмæ артисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй йын бантыст.

Пьесæйы сюжет ма цымыдисаг уымæй у, æмæ хъæздыг у адæмон сфæлдыстадæй. Æвдыст дзы ис Гуцъунаты мыггаджы таурæгъ – Хъарадзау сывæллоны калмæй куыд фервæзын кодта, уый… Куыд рауад дарддæр сæ цард Фатимæ æмæ Хъарадзауæн… Куыд фембæлдысты Ауызбийымæ… Цы быцæу рауад Ауызби æмæ æлдары фырт Харумы хсæн.. – уый рæсугъдæй зыны спектаклы.

Артистты хъуыдымæ гæсгæ, спектакльмæ кæсгæйæ, алчидæр йæхицæн скæндзæн хатдзæгтæ.

Дыгургомы ма ныр дæр арæх фехъусæн ис Ауызбийы кой. Рæстдзинадыл тохгæнæг æмæ æлдæртты нæхмæлæууæг, хъæбатыр лæппу – никæмæн бакуымдта сæттын, нæ фæтасыд. Тох кодта йæ уарзондзинадыл дæр… Ахæмæй баззад адæмы зæрдæты, ахæмæй йæ федтой театрмæ æрбацæуджытæ дæр.

Актертæ сæ размæ æвæрынц хæс, аивады рæсугъд æвзагæй фæсивæдæн æгъæуттæ æмæ традицитæ амонын, ирон адæмы таурæгътимæ сæ зонгæ кæнын мадæлон æвзаг сын, уарзын кæнын.

Аивадæн йæ тых æгæрон у. Йæ фæрцы цыфæнды зын хъуыддаг дæр бамбарын кæнæн ис, уды сусæгдзинæдтæ раргом кæнын. Æмæ кæд ацы спектакль адæмы зæрдæмæ бахъардта, кæд ын фæсивæд йæ сæйраг хъуыды бамбæрстой – уæд артисттæн уымæй зынаргъдæр хæрзиуæг нæй.

Зыхъуаты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania