филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:26 суббота, 18 мая 2024
16 июня 2022, 12:31
Дыгурон дзырды фарн хъахъхъæнæг – афтæ схонæн ис газет «Дигорæ»

Азты дæргъы хæссы адæммæ æвзаджы рæсугъддзинад æмæ рæстæджы цыды хабæрттæ

Ирыстоны мадæлон æвзагыл цæуæг газетты æмæ журналты фидæныл паддзахады рдыгæй цы кæнгæ у, уый конд цæуы. Фæлæ сæ хатгай газеткæсджытæ рафыссын ферох кæнынц. Æнæ уыдоны фарсхæцтæй та сæ нысан сæфгæ кæны, – зæгъы респуликон газет «Дигорæ»-йы сæйраг редактор Сакъиты Эльбрус. Бæстондæр хабæрттæ Сосранты Жаннæйы сюжеты.

Дыгурон дзырды фарн хъахъхъæнæг – афтæ схонæн ис газет «Дигорæ». Азты дæргъы хæссы адæммæ æвзаджы рæсугъддзинад æмæ рæстæджы цыды хабæрттæ. Кæд ныры онг газет йæ кæсæгыл æмбæлд мæй æртæ хатты, уæд сæм ныр та цымыдисаг æрмæджытæ хæццæ кæнынц алы дыццаджы дæр.

Газеты коллектив кæд стыр нæу, уæддæр алы номеры мидисыл дæр бацархайынц зæрдиагæй. Бамбырд дзы кæнынц æрмæст къуырийы хабæрттæ нæ, фæлæ ма ахæм æрмæджытæ, кæцытæ бакæсгæйæ дзы æмбæлы, дæ зондахаст фæфылдæр кæнын, историимæ баст хъуыддæгтæ базонын.

Ныртæккæ «Дигорæ»-йы тираж бæллиццаг нæу, æмæ уымæ гæсгæ та йе сфæлдыстадон къорд тыхсы, сæ архайд бирæтæн зындгонд кæй нæ уыдзæн, уымæй. Номерты фæрстыл рахæццæ вæййынц, æппæт хъæуты цæрджытæн дæр пайдайаг чи уыдзæн, ахæм æрмæджытæ мыхуыр кæныныл. Ис сын ахæм хæлæттæ дæр ,кæцытæ бирæ азты Дигорæйыл стыр зæрдæ нæ кæнынц. Сæ иу Цæрикъаты –Хуадонты Нинæ.

Ацы мадæлон æвзагыл цæуæг мыхуыры фæрæз байгом кæныныл, йæ рæстæджы стыр куыст бакодтой, уæды куырыхон хистæртæ. Сæ нысан уыд дыгурон ныхас фæлтæртæм чи хæсса, ахæм хъуыддаг саразын. Æмæ сæ ныфс бадардтой газет «Дигорæ»-йыл. Ныр йæ дарддæры хъысмæт дæр аразгæ у адæмæй, йæ кæсджытæй. Æмæ редакцийы кусджытæ курæг сты, феххуыс сын кæнын газзетæн фидæн куыд уа, уыцы хъуыддаджы. Йæ хос та у — ма ферох кæнын иу хаттæй иннæмæ, «Дигорæ» рафыссын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania