Азты дæргъы хæссы адæммæ æвзаджы рæсугъддзинад æмæ рæстæджы цыды хабæрттæ
Ирыстоны мадæлон æвзагыл цæуæг газетты æмæ журналты фидæныл паддзахадæй цы кæнгæ у, уый æнæмæнг арæзт цæуы. Фæлæ уæддæр газетфыссæн кампани хатгай зæрдæйы фæндон нæ рауайы. Уый та аразгæ у республикæйы цæрджытæй, газеткæсджытæй. Æнæ уыдоны æххуысæй, нæ куысты нысан сæфгæ кæны, – зæгъы республикон газет «Дигорæ»-йы сæйраг редактор Сакъиты Эльбрус. Мыхуыры фæрæзы æрвылбоны цардыл афæлгæст Сосранты Жаннæ.
Дыгурон дзырды фарн хъахъхъæнæг – афтæ схонæн ис газет «Дигорæ». Азты дæргъы хæссы адæммæ æвзаджы рæсугъддзинад æмæ рæстæджы цыды хабæрттæ. Кæд ныры онг газет йæ кæсæгыл æмбæлд мæй æртæ хатты, уæд сæм ныр та цымыдисаг æрмæджытæ хæццæ кæнынц алы дыццаджы дæр.
Газеты коллектив кæд стыр нæу, уæддæр алы номеры мидисыл дæр бацархайынц зæрдиагæй. Бамбырд дзы кæнынц æрмæст къуырийы хабæрттæ нæ, фæлæ ма ахæм æрмæджытæ, кæцытæ бакæсгæйæ дзы æмбæлы, дæ зондахаст фæфылдæр кæнын, историимæ баст хъуыддæгтæ базонын.
Ныртæккæ «Дигорæ»-йы тираж бæллиццаг нæу, æмæ уымæ гæсгæ та йе сфæлдыстадон къорд тыхсы, сæ архайд бирæтæн зындгонд кæй нæ уыдзæн, уымæй. Номерты фæрстыл рахæццæ вæййынц, æппæт хъæуты цæрджытæн дæр пайдайаг чи уыдзæн, ахæм æрмæджытæ мыхуыр кæныныл.
Ис сын ахæм хæлæттæ дæр ,кæцытæ бирæ азты Дигорæйыл стыр зæрдæ нæ кæнынц. Сæ иу Цæрикъаты –Хуадонты Нинæ.
Зкт: Ацы мадæлон æвзагыл цæуæг мыхуыры фæрæз байгом кæныныл, йæ рæстæджы стыр куыст бакодтой, уæды куырыхон хистæртæ. Сæ нысан уыд дыгурон ныхас фæлтæртæм чи хæсса, ахæм хъуыддаг саразын. Æмæ сæ ныфс бадардтой газет «Дигорæ»-йыл. Ныр йæ дарддæры хъысмæт дæр аразгæ у адæмæй, йæ кæсджытæй. Æмæ редакцийы кусджытæ курæг сты, феххуыс сын кæнын газзетæн фидæн куыд уа, уыцы хъуыддаджы. Йæ хос та у – ма ферох кæнын иу хаттæй иннæмæ, «Дигорæ» рафыссын.




