Йæ фæрцы сæ гæнæнтæ фæфылдæр сты
Уалдзыгон быдырон куыстыты рæстæг æрбахæццæ. Цæгат Ирыстоны зæхкусджытæ рагацау райдайынц хъуыды кæнын, сæ зæххытыл хуыздæр бакусыныл, цæмæй дзы фæззæджы сисой бæркадджын тыллæг. Уый хынцгæйæ, Дыгуры районы фæзынд ног техникæ. Йæ фæрцы сæ гæнæнтæ фæфылдæр сты. Ацы техникæйы бон у цалдæр куысты иумæ кæнын. Уый та зæхкусæджы рæстæг кæны фæстауæрц, стæй зæхх дæр тагъддæр райсы йæ хъацæнтæ æмæ дарддæры куыстыты процесс фæхъомысджындæр вæййы. Бирæ азты быдырон куыстыты рæстæг зæхкусджытæ зындзинæдтæ æййæфтой, техникæйы хуызтæ кæй нæ фаг кодта, уымæй, зæгъы Дыгуры районы хъæууон хæдзарады хайады сæргълæууæг Бадриты Мæринæ. Ныр сæ цинæн кæрон нæй. Сыхаг регионтæ æмæ районтæй сæ техникæ арендæйы райсынмæ рады лæууын нал хъæуы, сæхæдæг ма, районы зæххытыл куыст куы фæвæййы, уæд иннæты дæр фæхайджын кæнынц сæ гæнæнтæй.




