филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:44 воскресенье, 01 февраля 2026
09 марта 2023, 12:16
Дыгуры районы культурæйы галуаны арæзт æрцыд бæрæгбоны мадзал

Архайдтой районы разамынд, æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы Дыгуры районы хайады сæргълæууæг, стæй æндæр бæрнон кусджытæ.

Афæдзы ирддæр бæрæгбæттæй иу у сылгоймæгты æппæтдунеон бон. Уыцы бон кад фæкæнынц цард дæдтæг, бинонты фарныл кусæг, бæркадыл æфтауæг – сылгоймагæн. Ирыстоны алы районы, æппæт куыстуæтты дæр æнæрхъуыдыйæ нæ ныууадзынц, ацы бæрæгбонмæ бар чи дары, уыдоны. Дыгуры районы культурæйы галуаны цы бæрæгбоны мадзал арæзт æрцыд, уый бабæрæг кодта нæ сфæлдыстадон къорд. Ныхасы бар Сосранты Жаннæйæн.

Афтæ райдзаст æмæ ирондзинадæй хъæздыг номыртæй райдыдтой сæ бæрæгбон Дыгуры районы культурæйы галуаны кусджытæ. Дигорамæ сылгоймыгты Æппæтдунеон боны кадæн мадзалмæ  хуынд æрцыдысты æппæт Дигорайы цæрджытæ дæр. Мидисджын мадзалы архайдтой районы разамынд, æхсæнадон змæлд «Иры Стыр Ныхас»-ы Дыгуры районы хайады сæргълæууæг, стæй æндæр бæрнон кусджытæ.

Бæрæгбон æнæ лæвæрттæй дæр нæ фидауы. Уый æмбаргæйæ, Дыгуры районы адинистрацийы сæргълæууæг Туккаты Рустам алы æмвæзады хæрзиуджытæ, кады гæххæттæ æмæ зæрдыл дарæн лæвæрттæй схорзæхджын кодта алы къабæзты кусæг сылгоймæгты.

Рæсугъд музыкалон номыртæй схъæздыг кæнын цыфæнды бæрæгбон дæр зын нæу Дигорайы культурæйы галуаны  кусджытæн. Сæ бирæвæрсыг секциты хъомылгæнинæгтæ æмæ  курдиатджын сфæлдыстадон кусджытæ зæрдæргъæвдæй бацархайынц залмæ æрбацæуджытæн бæрæгбон саразыныл.

Куыд дарддæр, афтæ фылдæр. Кæд къуындæг уавæрты, уæддæр сæ зæрдиаг архайды фæрцы  Дыгуры культурæйы галуаны кусджытæ адæммæ хæссын хæлардзинад, райдзаст æнкъарæнтæ æмæ удæнцойдзинад.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania