филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:51 среда, 17 декабря 2025
12 марта 2018, 13:08
Дыгуры районы Николаевскæйы станицæйы бындурон цалцæджы фæстæ байгом Культурæйы хæдзар

Сæ циныл бацин кæнынмæ сæм æрбацыдысты республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз, архитектурæ æмæ арæзтады министр Икъаты Русланбег, Дыгуры районы сæргълæууæг Таболты Алыксандр, Алайнаг æмæ Дзæуджыхъæуккаг алчыр Леонид. Галуанæн бындур æвæрд æрцыд 1970 азы.

Дыгуры районы Николаевскæйы станицæйы бындурон цалцæджы фæстæ байгом Культурæйы хæдзар
Дыгуры районы Николаевскæйы станицæйы бындурон цалцæджы фæстæ байгом Культурæйы хæдзар.
Сæ циныл бацин кæнынмæ сæм æрбацыдысты республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз, архитектурæ æмæ арæзтады министр Икъаты Русланбег, Дыгуры районы сæргълæууæг Таболты Алыксандр, Алайнаг æмæ Дзæуджыхъæуккаг алчыр Леонид. Галуанæн бындур æвæрд æрцыд 1970 азы. Цыппор азæй фылдæр цалцæггонд нæ уыд. Фæлæ йæм федералон программæмæ гæсгæ базылдысты. Залы ис 380 бадæн бынаты. Галуаны кусдзæн 7 аивадон къорды: адæмон æмæ нырыккон кæфтыты, вокалон, театралон, аив дзырды æмæ æндæр къордтæ. Ацы аз Николаевскæйы стæницæйыл æххæст кæны 180 азы, æмæ сын ныр ис, кадджын мадзал кæм сараздзысты, уый. Культурæйы хæдзары байгом кæныны официалон хайы фæстæ Алайнаг æмæ Дзæуджыхъæуккаг алчыр Леонид саргъуыдта культурæйы артдзæстыл.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania